Саулохты Пъаулейы фырт Мухтар (райгуырдис 1915-æм азы Дæллаг Згъуыбиры хъæуы — амардис 1946-æм азы) у ирон поэт, драматург, Гуырдзыстоны ССР-йы сгуыхт артист.

Саулохты Мухтар
Райгуырды датæ 1915
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1946
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, драматург, актёр

Цардафыст

ивын

Мухтар райгуырдис 1915-æм азы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Згъуыбиры хъæуы зæхкусæг бинонты хæдзары. Мухтар уыд кæстæр, æхсæзæм фырт.

1923-æм азы Мухтар бацыд Згъуыбиры райдиан скъоламæ, цыран фæцахуыр кодта иу азы бæрц. 1924-æм азы Мухтары йæ хистæр æфсымæр Симон йемæ акодта Калакмæ, барвыста йæ ирон скъоламæ. 1925-æм азы Симон раивта æмæ Мухтар дæр æрбаздæхт фæстæмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта сæхи хъæуы райдиан скъолайы.

Сæ мад Букуылон афтид уæзæгыл цы ракъахтаид уыйбæрц сывæллæттæн æмæ Мухтар дæр лæвæрд æрцыд сидзæр сывæллæтты хæдзармæ Къоджоры (Тбилисы цур).

Уый фæстæ ахуыр кодта Сталиниры «ФЗУ»-йы. Уыцы рæстæджы цыдис ирон театрмæ, фыццаг кусæгæй, стæй йæм хауд къаннæг ролтæ дæр. Фæстæдæр Мухтар æппæт йæ хъару радта театралон куыстмæ. 1932-1933 азты куыста театры профессионалон актёрæй æмæ декораторæй.

1933-æм азы æрвыст æрцыд Тбилисы Шота Руставелийы номыл театралон студимæ, уый фæстæ каст фæцис Ленинграды театралон ахуыргæнæндон дæр. Уырдыгæй æрыздæхгæйæ, 1936-æм азæй куыста Хуссар Ирыстоны драмтеатры. 1940-æм азæй та уыд Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдисы секретарь. Уыцы аз ын лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны ССР сгуыхт артисты ном.

Саулохты Мухтар кодта егъау литературон куыст. 1930-æм азтæй кæрæдзи фæдыл зынын райдыдтой мыхуыры йе ’мдзæвгæтæ, фæстæдæр та йæ драматикон уацмыстæ.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Плиты Г.Г. — Фæлтæртæ æмæ азтæ. — Цхинвал, РХИ Мыхуыры хæдзар, 2011.