Саха́рæ (арабб. الصحراء الكبرى‎‎ — aṣ-ṣaḥrāʼ al-kubrá) у дунейы стырдæр тæвд æдзæрæгран. Йæ фæзуат у 9 милуан квадратон километры бæрц, уый ахсы Цæгат Африкæйы фылдæр хай, Сырх денджызæй Атлантикон фурды былгæронмæ. Уыцы территори йæ фæзуатмæ гæсгæ абæрæн и АИШ кæнæ Европæйы территориимæ.

Сахарæйы уынд космосæй

Сахарæйы ис, йæ бæрзæнд 180 метры кæмæн у, ахæм бархантæ (змисы обæуттæ). Æдзæрæграны фылдæр хай змисджын нæу, фæлæ у, хамадæ кæй хонынц, ахæм — ома дурджын быдыр (Сахарæйы 70% бæрц).

Æдзæрæграны ном у араббаг дзырд «сахра»-йæ (арабб. صَحراء‎‎), нысан кæны хуымæтæджы «æдзæрæгран». Сахарæйы чи цæры, уыдонæй фылдæр дзурынц араббагау (уыдоны ’хсæн, араббаг æвзаг дыккаг æвзаг кæмæн у, уыдон).

Сахарæйы цы паддзахæдтæ æххæстæй кæнæ хæйттæй и, сты ахæм:

Литературæ

ивын
  • Michael Brett and Elizabeth Frentess. The Berbers. Blackwell Publishers, 1996.
  • Charles-Andre Julien. History of North Africa: From the Arab Conquest to 1830. Praeger, 1970.
  • Abdallah Laroui. The History of the Maghrib: An Interpretive Essay. Princeton, 1977.
  • Richard W. Bulliet. The Camel and the Wheel. Harvard University Press, 1975. Republished with a new preface Columbia University Press, 1990.