Сечъынаты Ладемыр

Сечъынаты Дзæрæхы фырт Ладемыр (Владимир) (райгуырдис 1921-æм азы 20 апрелы Алагиры — амардис 1985-æм азы 1 апрелы) уыдис ирон фыссæг.

Сечъынаты Ладемыр
Райгуырды датæ 1921-æм азы 20 апрелы(1921-04-20)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1985-æм азы 1 апрелы(1985-04-01) (63 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг

Цардафыст ивын

1939-æм азы каст фæцис астæуккаг скъола.

1945-æм азы архайдта Японы ныхмæ хæсты.

Фæсхæст сыздæхт йæ райгуырæн Алагирмæ æмæ-иу куы кæм куыста, куы кæм. 10 азы дæргъы та уыд Алагиры автоскъолайы ахуыргæнæг. Стæй йе ’ргом сфæлдыстадон куыстмæ бынтондæр аздæхта. 1963-æм азы сси Литературон институты цур Уæлдæр литературон курсыты ахуырдзау. Уый фæстæ куыста газет «Рæстдзинады», стæй та журнал «Мах дуджы» редакцийы.

Йæ фыстытæ мыхуыры арæхæй-арæхдæр цыдысты, чиныг-кæсджытæ йæ фылдæр зыдтой юморист æмæ сатирикæй. Уæдмæ йæм фæзынд роман, уацаутæ, радзырдтæ, очерктæ, сывæллæттæн фыст чингуытæ.

Æддаг æрмæг ивын