Силезиаг æвзаг (ślůnsko godka, пол. język śląski, нем. Schlesische Sprache, чех. slezština) у силезиаг адæмы æвзаг, дзурынц ыл 509 мин адæймаджы бæрц Польшæйы хуссары.[1] Силезиаг æвзаг хауы славяйнаг æвзæгты ныгуылæн къорды лехитаг дæлкъордмæ, у польшæйаг æвзагмæ хæстæг.

Силезиаг æвзаг
Хином ślōnskŏ gŏdka, ślůnsko godka
Бæстæтæ Польшæ, Чехи
Дзурджыты нымæц 509 000
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Славяйнаг æвзæгтæ
Ныгуылæн-славяйнаг къорд
Лехитаг дæлкъорд
Фыссынад латинаг алфавит (польшæйаг алфавит)
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1
ISO 639-2
ISO 639-3 szl
Ethnologue szl
LINGUIST List pol-upp
ELCat 8349
IETF szl
Glottolog sile1253
Википеди ацы æвзагыл

Алфавит

ивын

Силезиагау фыссынæн адæм пайда кæнынц цалдæр системæйæ. Уыдонæй хуыздæрыл нымад у сæрмагонд «фонетикон силезиаг алфавит», мæнæ йæ 2006-æм азы вариант:

A a B b C c Ć ć Č č D d E e F f
G g H h I i J j K k L l M m N n
Ń ń O o P p R r Ř ř S s Ś ś Š š
T t U u Ů ů W w Y y Z z Ź ź Ž ž

Фиппаинæгтæ

ивын