Симеон Борисов Сакскобургготский, зындгонд у куыд Паддзах Симеон II (райгуырд 1937-æм азы 16 июны Софияйы) у Болгарийы паддзах (19431946) æмæ Болгарийы премьер-министр (министр-сæрдар, болг. министър-председател) 2001-æм азæй 2005-æм азы онг. Паддзах Борис III-æмы фырт.

Симеон II
2001-æм азы 24 июлы — 2005-æм азы 17 августы
Раздæр чи уыд Костов, Иван Йорданов[d]
Фæстæдæр Сергей Станишев[d]
Райгуырдис 1937-æм азы 16 июны(1937-06-16)[1][2] (87 азы)
Мыггаг Саксен-Кобург-Гота (Болгари)[d] æмæ Саксен-Кобург-Кохарийская династия[d]
Фыд Борис III
Мад Джованна Савойская[d]
Æмкъай Маргарита Болгарская[d]
Сывæллæттæ Кардам Болгарский[d], Kyril, Prince of Preslav[d][3], Kubrat, Prince of Panagyurishte[d][3], Konstantin-Assen, Prince of Vidin[d][3] æмæ Princess Kalina of Bulgaria[d][3]
Парти
Ахуырад
Дин Болгарийы растуырнæг еклези æмæ растуырнæг дин
Къухæрфыст Изображение автографа
Монограммæ Монограмма
Хорзæхтæ
Сайт kingsimeon.bg(болг.)(англ.)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сывæллон-паддзахы ратардтой бæстæйæ 1946-æм азы сентябры, йæ царды фылдæр хай арвыста Испанийы, йæ бинойнаг дæр у уырдыгон — Маргаритæ Гомес-Асебо и Сехуела (испайнаг къаролы æрвадæлтæй). Болгаримæ раздæхтис 1996-æм азы, активонæй архайы бæстæйы политикон царды.

2009-æм азы 5 июлы парламентмæ æвзæрстыты фæстиуæгæн, Симеон Сакскобургготский кæй сæргъы лæууыд, уыцы парти НДСВ 4-процентон барьерыл нæ схызти æмæ йæ иу депутат дæр парламентмæ нæ бахауд. 6 июлы Симеон Сакскобургготский партийы сæрдары бынатæй ацыд.

Симеонæн ис цыппар фырты æмæ иу чызг. Йæ цоты цоты нымæц у 11.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Lundy D. R. Simeon II of Bulgaria, Tsar of Bulgaria // The Peerage (англ.)
  2. Simeon Sakskoburggotski // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  3. 3,0 3,1 3,2 3,3 Lundy D. R. The Peerage (англ.)