София
Сахар
|
София[1] (болг. София) у Болгарийы сæйраг сахар (1879-æм азæй фæстæмæ) æмæ Европæйы Цæдисы стырдæр сахартæй иу. Цæрынц дзы 2 милуан адæймаджы бæрц, уыдонæй официалон æгъдауæй регистрацигонд — 1 317 мин. Болгарийы индустрийы æхсæзæм хай у Софияйы. Сахар у бæстæйы ахсджиагдæр æфсæнвæндæджы æлхынцъ.
Файл:Bulgaria-Sofia-01.JPG
Культурæйы националон галуан
Софийы сахары кмет (мэр) 2009-æм азы ноябрæй у Йорданкæ Фандыкова (болг. Йорданка Фандъкова), у Болгарийы премьер-министр Бойко Борисовы æмпартион (парти ГЕРБ-æй).