Скъиатæ
Скъиатæ[1] кæнæ Скъатæ[1] (уырыс. Скяевы, Скиаевы) сты ирон мыггаг.
Истори
ивынСкъиатæй раджы кæддæр Дæргъæвсæй Дыгургоммæ балыгъд иу сидзæр лæппу, йæ фыды æфсымæры кæй амардта, уый тыххæй. Йæ фыды ’фсымæр, дам, æй кæсгон æлдарæн ауæй кодта, æмæ ацы хабар куы фехъуыста, уæд æй хуыссæнмæ топпæй фехста. Иæхæдæг æрбынат кодта Стыр Дыгуры. Ам слæг ис, ус ракуырдта æмæ бинонты хицау ссис. Фæзындис ын цæуæт. Æрбалидзæгæн йæ ном цы хуынд, уый ничи зоны. Скъиатæй бирæтæ Стыр Дыгурæй фæлыгъдысты Сечермæ.[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.