Соловьёв, Леонид Василийы фырт
Леонид Василийы фырт Соловьёв (1906–1962) — советон уырыссаг фыссæг, сценарист, Ходжа Насреддины тыххæй дилогийы автор.
Леонид Василийы фырт Соловьёв | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1906-æм азы 19 августы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1962-æм азы 9 апрелы[1][3][…] (55 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг, сценарист, прозаик |
Жанр | пикарескаг роман[d], реализм[d] æмæ публицистикæ[d] |
Уацмысты æвзаг | уырыссаг[4] |
Хорзæхтæ |
Цардафыст
ивынЛеонид Соловьев райгуырдис 1906-æм азы 6 (19) августы Ливаны сахар Триполийы. Йæ фыд уыди Императоры Палестинæйы православон æхсæнады цæгат-сириаг скъолаты инспекторы æххуысгæнæг.
1909-æм азы бинонтæ рацыдысты фæстæмæ Уæрæсемæ, уырдыгæй та 1921-æм азы афтыдысты Кокандмæ (сахар Узбекистаны).
1923-æм азы Соловьев райдыдта фыссын газет «Туркестаны рæстдзинд»-ы («Туркестанская правда»). Уым фæкуыста сæрмагонд уацхæссæгæй суанг 1930-æм азмæ.
1924–1925-æм азты Ферганайы облæстмæ балцыты рæстæг Соловьев æмбырд кодта æмæ иртæста фольклорон æрмæг. Уыцы азты уый сæмбырд кодта, 1930-æм азы, «Ленин и творчество народов Востока», зæгъгæ, уыцы æмбырдгондмæ хаст чи æрцыди, ахæм зарджытæ æмæ таурæгътæ. Иуæй-иу дзурджытæм гæсгæ ацы уацмыстæ сты æцæг фольклор нæ, фæлæ литературон мистификаци — сæ автор у Леонид Соловьев йæхæдæг.
1930-æм азы Соловьев æрцыди Мæскуымæ æмæ бацыди Кинематографийы институты сценарон факультетмæ. Каст æй фæци 1932-æм азы.
1932-æм азы рухс федта йæ фыццаг чиныг — уацау «Кочевье». Ныхас дзы цæуы цæугæцардгæнджыты цæрдтыты тыххæй революцийы азты. Дыууæ азы фæстæ мыхуыры рацыди йæ уацаутæ æмæ радзырдты æмбырдгонд «Уæлахиздзауы» балц.
1939-æм азы мыхуыргонд æрцыд чиныг «Сабырад халæг» («Возмутитель спокойствия»). Уый у Соловьевы тæккæ зындгонддæр уацмыс «Ходжа Насреддины тыххæй уацау»-ы фыццаг хай. 1935-æм азы фыссæджы сценаримæ гæсгæ ист æрцыд фильм «Конец полустанка» (Межрабпомфильм). В.С. Витковичимæ иумæ ныффыстой сценаритæ ахæм кинонывтæн: «Насреддин Бухарайы» (1943) и «Насреддины хабæрттæ» (1944).
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Соловьев куыста газет «Красный флот»-ы æфсæддон уацхæссæгæй. Йæ фронтон радзырдтæ æмæ очерктæ бацыдысты цалдæр æмбырдгондмæ — «Стыр фæлварæн» (1943) æмæ «Севастополы дур» (1944). «Иван Никулин — уырыссаг матрос» (1943), зæгъгæ, уыцы уацаумæ гæсгæ фыссæг сарæзта, 1944-æм азы æмном киноныв кæуыл систой, уыцы сценари.
1946-æм азы сентябры Соловьевы æрцахстой æмæ бамидæг кодтой ахæстоны. Азымджын æй кодтой, террористон акт цæттæ кæнынæй. Рауагътой йæ 1954-æм азы июны. Афтæмæй лагерты фæци аст азы.
Йæ «Ходжа Насреддины тыххæй уацау»-ы дыккаг хай — роман «Зæрдæскъæфт принц» («Очарованный принц») ныффыстæуыд лагеры æмæ 1950-æм азы кæронмæ уыди цæттæ. 1954-æм азæй Леонид Соловьев царди Ленинграды. 1956-æм азы «Лениздат»-ы фыццаг хатт мыхуыры рацыди «Ходжа Насреддины тыххæй уацау» дыууæ чиныгæй. Уацмыс тынг фæцыди чиныгкæсджыты зæрдæмæ.
Соловьев нæ ныууагъта йæ куыст кинематографийы къабазы — 1950-æм азты кæроны ныффыста, 1959-æм азы киноныв «Шинель» кæуыл систой, уыцы сценари (Николай Гоголы уацмысмæ гæсгæ).
1961-æм азы мыхуыргонд цæуын райдыдтой, «Книга юности», зæгъгæ, йæ уыцы ног уацмысы хæйттæ (хицæн чиныгæй уацмыс рацыдис 1963-æм азы; йæ ном хуынди «Из „Книги юности“»).
Фыссæг фæзиан ис 1962-æм азы 9 апрелы Ленинграды. Ныгæд æрцыдис уæлмæрдтæ «Красненькое»-йы.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 https://www.bedetheque.com/auteur-51468-BD-.html
- ↑ Русская литература XX века. Прозаики, поэты, драматурги (уырыс.) / под ред. Н. Н. Скатов — 2005. — ISBN 5-94848-307-X
- ↑ 3,0 3,1 3,2 Соловьёв Леонид Васильевич // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ Чешская национальная авторитетная база данных