Бетъырбух
Бетъырбух, нырыккон мыхуыры арæхдæр Санкт-Петербург (уырыс. Санкт-Петербург) у Уæрæсейы империйы кæддæры сæйраг сахар, Нева Финнаг бакæлæнмæ кæм æфты, уыцы ран. Абон дæр Уæрæсейы мидæг Бетъырбух тынг ахадгæ сахар у, бæстæйы дыккаг стырдæр. Бетъырбух у, йæ цæрджыты нымæц иу милуанæй фылдæр кæмæн у, дунейы ахæм цæгатагдæр сахар. Цæрынц дзы 5 милуан адæймагæй фылдæр.
Сахар | |||||
Бетъырбух | |||||
---|---|---|---|---|---|
уырыс. Санкт-Петербург | |||||
|
|||||
59°57′ с. ш. 30°19′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Федерацийы субъект | Бетъырбух | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 1703 | ||||
Раздæры нæмттæ |
1914 азы онг — Санкт-Петербург 1924 азы онг — Петроград 1991 азы онг — Ленинград |
||||
Фæзуат |
|
||||
Центры бæрзæнд | 3 м | ||||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↘5 600 044[1] адæймаджы (2023) | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +7 812 | ||||
Посты индекстæ | 190000—199406 | ||||
gov.spb.ru(уырыс.) | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Бетъырбух хæссы Хъæбатыр сахары кадджын ном, йе сконды ис æртæ Хæстон намысы сахары (Кронштадт, Колпино, Ломоносов).
Æрæджы Бетъырбухмæ ралидзын кодтой Уæрæсейы Федерацийы Конституцион тæрхондон.
Боныхъæд
ивынБоныхъæд у ромыл æмæ уымæл. Хурджын бонты растæмбис нымæц афæдзы дæргъы у 62. Зымæгон бонтæ сты иттæг талынг, фанартæ судзынц суткæйы 18 сахаты.
Истори
ивын1703-æм азы 27 майы паддзах Пётр I указмæ гæсгæ Пётр æмæ Павелы гæнахæн йæ бындур сæвæрдтой Невайы дельтæйы. Уыцы цау нымад у Бетъырбухы бындурæвæрды боныл.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг уыдис Ленинграды блокадæ.
1955-æм азæй кусы Бетъырбухы метро.
Бетъырбухы бынат ирон культурæйы
ивынБетъырбух ахсы зынгæ бынат нырыккон ирон культурæйы. Ам ахуыр кодтой Хетæгкаты Къоста, Брытъиаты Елбыздыхъо, Абайты Васо æмæ бирæ æндæртæ. Ам XX æнусы райдиан мыхуырæй цыдис фыццаг ирон журналтæй иу — «Хуры тын», зæгъгæ (йæ редактор уыди Брытъиаты Е.).
Ныр дæр Бетъырбухы бирæ ирæттæ цæрынц. Ис дзы Цæгат Ирыстоны минæварад[2] æмæ ирон æхсæнад дæр.
Æддаг æрмæг
ивын- Iriston.ru: ирон диаспорæтæ (ис дзы Бетъырбухы тыххæй хайад дæр)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августы 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
- ↑ вКонтакте: predstavitelstvo_rsoalania