Сомихы гæдытæ
Рагон заманы нырыккон Сомихы территорийыл уæвыд бирæ стыр гæдыты хуызты ареал.
Абоны бонмæ Сомихы стыр гæдыйы хуызтæй баззад æрмæст иу хуыз — разазиаг фæранк (Panthera pardus ciscaucasica) æмæ фондз хузы гыццыл гæдытæй — кавказаг стай (Lynx lynx caucasicus), хъамылы гæды (Felis chaus chaus), хъæддаг гæды (Felis silvestris), манул (Otocolobus manul) æмæ быдыры гæды (Felis silvestris lybica)[1].
Иумæйаг информаци
ивынДомбайты æмæ гепардты Сомихы территорийыл раджы ныццагъдтой, тигртæ ма дзы уыд XX æнусы райдайæны, фыранктæ ныр дæр цæрынц Сомихы территорийыл, фæлæ сæ нымæц у æрмæст 5-7[2] фыранчы бæрц. Сомихы цы домбайтæ ’мæ гепардтæ цард, уыдон хаудысты азиаг дæлуындмæ (Acinonyx jubatus venaticus — азиаг гепард, Panthera leo persica — азиаг цомахъ). Раздæр Сомихы территорийыл арæхæмбæлгæ цы тигртæ уыд, уыдон хаудысты турайнаг дæлуындмæ (Panthera tigris virgata — турайнаг тигр). Абоны бонмæ сæ нымайынц æдзæрæгты хуызы. Ныры заманы Сомихы цы фыранктæ цæрынц, уыдон хауынц фæсазиаг дæлуындмæ — Panthera pardus saxicolor. Уый у фыранкты стырдæр дæлуындтæй иу[3].
Фыранкты нырыккон ареал Сомихы территорийыл у 2856,8 км²-мæ ’ввахс, парахат кæны йæ хуссар æмæ хуссар-ныгуылæны рæтты ’рдæм дæр (Вайоц Дзор, Арарат, Сюник). Разазиаг фыранк 1970-æм азы райдайæны онг цардис цы бынæттæ банымадтам уыдонæй уæлдай ноджы Сомихы цæгатаг-скæсæны хайыл, Севаны цадæй цæгаты ’рдыгæй, фæлæ куыд фæстагмæ, афтæ сæ популяци уым бабын ис. 1987-æм азы разазиаг фыранк æфтыдгонд æрцыд Сомихы Сырх чиныгмæ.
Тугдзыхы ареал уæвы Гегамы, Даралагезы, Зангезуры, Баргушаты æмæ Мегрийы рæгътыл. Сомихы фыранкты уæвынæн цы сæйраг факторттæ хæссынц тас, уыдонмæ хауынц: æгæр арæх фосы хызт (халынц фыранкты биотоп), браконьерад, сыгъдтытæ æмæ адæймаджы архайд.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Сомихы гæдыты дуне
- ↑ Красная книга Армении: 5 или 7 леопардов и еще меньше награждённых авторов . Regnum. Датæ: 2012-æм азы 3 июны.
- ↑ Фыранчы дуне(недоступная ссылка). Датæ: 2019-æм азы 25 февралы. Архив 2018-æм азы 17 январы.