Степано́с Сюнеци́ (сом. Ստեփանոս Սյունեցի; райгуырдис 680-æм азмæ ’ввахс — амардис 735-æм азы 21-æм июлы) — сомихаг теолог, грамматик, тæлмацгæнæг, поэт æмæ музыкант. Сомихаг апостолон аргъуаны сыгъдæг, митрополит.

Степанос Сюнеци
Ստեփանոս Սյունեցի
Райгуырды датæ 685
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 735-æм азы 21 июлы
Мæлæты бынат Ехегнадзор
Зонады къабаз теологи, музыкæйы теори, поэзи, тæлмацтæ

Цардафыст

ивын

Йæ мад æмæ фыды тыххæй бæлвырдæй зонæм æрмæст уый, æмæ йæ фыд уыдис сауджын Двины. Райдайæн ахуырад райста Вагаршапаты, уый фæстæ — Сюничы семинары Макеняцы моладзандоны Сотчы гавары, ахуыр дзы кодта Мовсес Кертогмæ. Йæ хъуыдыты тыххæй йæ фæдыл зылдис Смбато Багратуни, уый руаджы 710-æм азмæ æввахс ацыд Афинæтæм, уым йæ ахуырад фæхуыздæр кодта. 712-æм азмæ ’ввахс та ацыдис Константинополмæ, ахуыр дзы кодта бердзенаг æмæ латинаг æвзæгтæ, сахуыр кодта хуыцауы ныхас, философи, музыкæ ’мæ афтæ дарддæр[1]. Йæ райгуырæн бынатмæ куы раздæхт, уый фæстæ цыдæр рæстæг архайдта тæлмацтыл, стæй йын радтой Сюникаепископы цытном.

Амардис Ехегнадзоры гавар Вайоц Дзоры иу сылгоймаджы къухæй уацы рæстæджы.

Аивад

ивын
Степанос Сюнеци, «Грамматикæйы равзæрст»[2]

«Уый йеддæмæ ма хъуамæ зонай æрмæст астæуон æмæ централон диалекттæ нæ, фæлæ ма дæ мадæлон æвзаджы кæройнаг диалекттæ иуылдæр, кæдон сты корчайкаг æмæ хутаг æмæ Цыппæрæм Сомихы æмæ спераг æмæ сюникаг æмæ арцахаг. Уымæн æмæ диалекттæ ахъаззаг сты æмдзæвгæты фыссынады, уымæй уæлдай ма историйы.

Степанос Сюнеци лæууы сомихаг патристикæйы иуыл номдзыддæр минæвæртты ’хсæн. Сюнеци у Мовсесы грамматикон уацы равзæрсты автор. Ноджы ма 715—718-æм æзтæм æввахс ратæлмац кодта Дионисий Фракийсоны грамматикон куыст.

Степанос Сюнеци ма ныффыста хуыцабонон «Сæйраг гимнтæ» 8 хъæлæсæн, алкæцы дæр дзы конд у 10 кцурдтæй æмæ баст у библион зарджытæй, иуимæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ йæ арæх хæццæ кæнынц Степаносом Сюнециимæ I.

Абоны онг нæм бахæццæ ис къухфыст «Давид æмм Порфирийы бæрæггæнæнты ахъазджын анализ», уым анализ кæны трактаттæ Давид Анахты «Философийы бæрæггæнæнтæ» æмæ Порфирийы «Разныхас».

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Michael E. Stone. / Adam and Eve in the Armenian Traditions, Fifth through Seventeenth Centuries. — Society of Biblical Lit, 2013. — P. 696. — (Early Judaism and its literature, 38)
  2. Н. Адонц. / Дионисий Фракийский и армянские толкователи. — Пг., 1915. — С. 181—219.

Историон ратæдзæнтæ

ивын

Кæс ноджы

ивын