Цæгаты Стыр хæст уыди 17001721 азты Уæрæсе æмæ Швецийы ’хсæн, Балты денджызы æлдариуæг кæныны сæраппонд. Хæсты Уæрæсейы цæдисонтæ уыдысты Дани æмæ Саксони (сæ коалицийы ном: «Цæгат цæдис»), фæлæ тагъд рæстæджы уыцы цæдис фехæлд æмæ ногæй райтынг ис æрмæст 1709-æм азы. Цæгаты Стыр хæсты архайдтой æндæр паддзахæдтæ дæр: Швецийы ныхмæ — Англис, Ганновер, Голланди, Прусси æмæ Польшæ; Уæрæсейы ныхмæ — Англис æмæ Ганновер.

«Полтавæйы тох». Мартены конд ныв

Фæстиуæгæн 1721-æм азы Швеци фембылды, Ништадты сабырдзинады бадзырдыл йæ къух æрæвæргæйæ.

Цæгаты Стыр хæсты фæрцы бынтон æндæрхуызон сси тыхты райуæрст Балты денджызы былтыл. Уæрæсе сси уæзгæ паддзахад, Скæсæн Европæйы уæлиуæг чи кодта, ахæм. Уæрæсейы скондмæ бахаудтой Ингри, Карели, Эстлянди, Лифлянди, стæй Финляндийы хуссар хай (Выборджы онг). Пётр I алыг кодта йæ æлдарады сæйраг фарста: йæ бæстæ сифтонг кодта денджызон фæндæгтæй, райдыдта денджызыл æндæр бæстæтимæ сæудæджер кæнын, саразта йæхи дуджы раззагкълассон æфсад æмæ флот.

Швеци та йæ хъомыс фесæфта, сси дæлахъазон паддзахад. Балты денджызы хуссар былыл Швецийæн цы зæххытæ уыд, уыдон иууылдæр хæсты фæстæ бацыдысты Уæрæсейы скондмæ кæнæ та сæрибар фесты.

Литературæ

ивын
  • Тарле Е. В. Русский флот и внешняя политика Петра I. – СПб.: Фирма «БРАСК», Морской исторический сборник, 1994
 
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.

Æддаг æрмæг

ивын