Сырхы хох
Сырхы хох[1] кæнæ Сырх хох[2] (гуырдз. წითელი ხატი) у хохы цъупп Хуссар Ирыстоны. Хохы бæрзæнд денджызы æмвæзадæй уæлдæр у 3026 м бæрц.
Сырхы хох | |
---|---|
гуырдз. წითელი ხატი | |
Кæм ис | |
42°24′53″ с. ш. 44°20′37″ в. д.HGЯO | |
Ран | Хуссар Ирыстон |
Хохы системæ | Кавказы хæхтæ |
Рагъ | Иры рагъ |
Характеристикæтæ | |
Бæрзæнд | 3026 м |
|
|
|
Хохæн йæ дæлвæччи хуссар-ныгуылæнварс 2780 м бæрзæндыл ис дыууæ къаннæг цады. Фыццаг цад лæууы бындæр, йæ дæргъ уыдзæн 800 м бæрц æмæ йæ уæрх та 250 м æввахс. Дыккаг цад ис чысыл хуссарæрдæм, йæ дæргъ у 250 м æмæ йæ уæрх та 200 м бæрц. Уæллаг цадæй дæллагмæ цæуы чысыл къада дон. Хохы сæрæй кæсгæйæ, цæдты дон зыны æрвгъуызæй. Æнæуи сæ дон у сыгъдæг, кæсаг дзы нæй, стæм уытъырытæ æмæ æндæр доны хъæндилтæй дарддæр. Адæмы ’хсæн ацы цады фæдыл баззад ахæм дзырд: Зæгъгæ, ацы цадты сæхи надтой уæларвонтæ, чысылдæры — ус, стырдæры та — лæг. Ацы цæдтæй дæллаг цадты хицæн ном ма дзимырæгтæ хуыдтой «Цæхджын цад».[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Хурзæрин. Мæргъиты И. Сырхыдзуар (Сырхыуастырджи)
- ↑ Хурзæрин. Гуылæрты Барис. Сæ кад, фарн баззади уæлæуыл(æнæбаххæсгæ æрвитæн)