Тадтатæ
- Хъæуы тыххæй кæс Тадтатæ (хъæу).
Тадтатæ (уырыс. Тадтаевы, Татаевы[1], гуырдз. თათაშვილი) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
ивынРаджы Гудисы цардысты дыууæ æфсымæры: Тадт æмæ Болат. Дыууæ æфсымæры дæр бинонты хицау куы систы, цæуæт сын куы фæзынд, уæд сæ схуыдтой сæ нæмттæм гæсгæ: Тадт — Тадтатæ, Болат — Болататæ. Тадтæн уыд фондз фырты, Болатæн та — авд. Гудис хохбынаты ис, зæхх сын нæ фаг кодта, æмæ лидзын райдыдтой фæйнæрдæм. Тадтатæ фылдæр ныры Знауыры районмæ алыгъдысты, æрцардысты Метъех, Дидмуха, Тъилиан æмæ æндæр хъæуты. Тадтатæ æмæ Болататæ нымад сты тугæй хæстæг æрвадæлтыл.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.