Тедеты Ефим
Тедеты Уасилы фырт Ефим (райгуырдис 1929-æм азы Хъорсеуы) у ирон поэт.
Тедеты Ефим | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1929-æм азы 10 апрелы (95 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | поэт |
Цардафыст
ивынТедеты Ефим райгуырди Хуссар Ирыстоны Хъорсеуы хъæуы. 1949 азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Тарскæйы. Ефим каст фæци астæуккаг скъола æмæ Цæгат Ирыстоны пединституты историон-филологион факультет.
Куыста ахуыргæнæгæй, Къостайы номыл литературон музейы, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы литературон консультантæй.
Йæ фыццаг поэтикон чиныг рацыди 1958 азы. Уый фæстæ ма рауагъта иу дæс чиныджы, сæ сæйрагдæртæ: «Фарн уæм бадзурæд» (Орджоникидзе, 1972), «Фæдзæхст дуне» (Орджоникидзе, 1979), «Урс доны былыл сау фæрдыг» (Орджоникидзе, 1982), «Кадæггæнæг» (Орджоникидзе, 1987), «Арвы дуар» (Дзæуджыхъæу, 1998).[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012