Тинатæ
Истори
ивынРагон таурæгъмæ гæсгæ иу гуырдзиаг, йæ мыггаг Тинашвили, арæх цыд æфцæгыл Доныфарсы хъæумæ (хаста сын хъуымæцтæ, сылгоймаджы дарæс æмæ æндæр цыдæртæ). Доныфарсы балымæн Хъабантæй иу лæгимæ. Хъабантæ йæ райдыдтой нымайын сæхи бинойнагыл, фæлæ, дам, иу рæстæджы Хъабанты бинонтæ æмæ гуырдзиаджы ’хсæн хыл рауад. Хъабантæ уæзданыл нымад уыдысты, ацы хабар сæ сæрмæ не схастой æмæ хъавыдысты гуырдзиаджы амарынмæ, фæлæ загътой, уый бæсты йын йæ сывæллæтты радавæм, æмæ афтæ бакодтой: радавтой йын йæ лæппу æмæ чызджы, æрбахастой сæ хъæумæ æмæ сæ сусæгæй сæхи хæдзары уæрмы дардтой. Чызг чындздзон чызг ссис. Уыцы рæстæг хæдзары хистæрæн йæ ус амард, æмæ сфæнд кодта ацы гуырдзиаг чызгæй йæхицæн ус скæнын. Цæмæй йæ ацы хъуыддаджы чызджы æфсымæр ма бахъыгдардтаид, уый тыххæй лæппуйы Мæздæгмæ акодта æмæ йæ уым кæмæндæр ауæй кодта. Гуырдзиаг чызг фыццаг нæ разы кодта Хъабанты зæронд лæгмæ чындзы ’рцæуын, фæлæ фæстагмæ сразы ис. Сразы, кæд сын цы цæуæт рацæуа, уыдон Хъабантæй нæ, фæлæ чызджы мыггагæй — Тинашвилитæй ныффысса, уæд. Райгуырд сын дыууæ фырты æмæ иу чызг. Фырттæ куы схъомыл сты, уæд сæ мыггаг ныффыстой Тинашвилитæ нæ, фæлæ Тинатæ. Афтæмæй Доныфарсы хъæуы фæзынд Тинаты мыггаг.
Литературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 147.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 115–116.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 233–234.