Тихвин (уырыс. Тихвин) у Уæрæсейы Ленинграды облæсты сахар Бетъырбухæй скæсæнырдæм, Тихвины районы административон центр. Сахары статус 1773-æм азæй. Тихвины цæрынц 61,2 мин адæймаджы (2007-æм азы).

Сахар
Тихвин
уырыс. Тихвин
Герб
Герб
59°38′39″ с. ш. 33°32′32″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Ленинграды облæст
Муниципалон район Тихвины район
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1383
Фæзуат
  • 24 км²
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 54 286[1] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 81367
Посты индекс 187551, 187552, 187553, 187556 æмæ 187557
gorod.tikhvin.org
Тихвин (Уæрæсе)
Тихвин (Ленинграды облæст)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сахар лæууы цæугæдон Тихвинкæйы дыууæ былтыл. У ахсджиаг æфсæнвæндаджы æлхынцъ, æрлæууынц дзы бирæ пассажирон поездтæ Бетъырбухæй Урал æмæ Сыбырмæ.

Тихвинмæ бирæ туристтæ фæцæуынц йæ рагон хæдзæрттæ æмæ аргъуантæ фенынмæ. Тихвины ис лæгты моладзандон дæр (1560-æм азæй).

Тихвин цы ран лæууы, уым цы цæрæнран уыди, уый тыххæй фыццаг кой фыст æрцыд 1383-æм азы (хъæдын аргъуан дзы сарæзтой, æмæ уый тыххæй).

Сахары ис рагон æмæ ногдæр сыхтæ. Нырыккон хæдзæрттæ дзы æндæр сахарты æнгæс сты — æфсæнбетонæй конд бирæуæладзыгон хæдзæрттæ (уыдонæй бæрзонддæры и 14 уæладзыджы).

Фиппаинæгтæ

ивын

Æддаг æрмæг

ивын