То́вма Мецопеци́ (райгуырдис 1378-æм азы — амардис 15-æм майы 1446-æм азы) — сомихаг историк, педагог, культурон-æхсæнадон архайæг[5]

Товма Мецопеци
Թովմա Մեծոպեցի
Аракел Сюнеци (1963-æм азы миниатюрæ)
Аракел Сюнеци (1963-æм азы миниатюрæ)
Райгуырды датæ 1378[1][2][…]
Райгуырæны бынат хъæу Аги (Арчешы провинци)
Мæлæты датæ 1446-æм азы 24 майы[3][4]
Мæлæты бынат
Зонады къабаз историк, педагог
Альма-матер
Ахуыргæнинæгтæ Киракос Банасер[d]
Зындгонд у куыд «Тимур æмæ йæ фæдонты историйы» автор
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Райгуырдис Степаносы æмæ Шамшийы номджын бинонты. Бирæ кæй фæархайдта Мецопы хъæуы Каджеберуничы провинцийы, уый тыххæй ын радтой Мецопецийы фæсномыг. Райдайæн ахуырад иста 1386-æм азæй Мецопы моладзандоны Ованес Мецопецимæ. 1393—1401-æм æзты ахуыр кодта Харабасты моладзандоны дины семинары Саргис Апракуцинимæ æмæ Вардан Огоцванецимæ. 1406-æм азæй йæ ахуырад адарддæр кодта Татевы университеты Григор Татевацимæ. Рæхджы райста вардапеты (архимандриты) дины цытном. 1410-æм азы Айраратæй рацыдис Мецопмæ, уым хистæриуæг кодта 30 азæй фылдæр. Уыцы рæстæджы цы æвадат политикон уавæртты уыд, уыдоны тыххæй 1436-æм азы ацыд Багешмæ, 1437-æм азы — Мушмæ. Йæ дины разамынды рæстæджы Мецопы моладзандоны йæ тæмæны уыдысты зонад, культурæ æмæ ахуырад.

Хайад иста Эчмиадзинон синоды 1441-æм азы. Амардис уацы рæстæджы.

Куыстытæ

ивын

Товма Мецопеци уыдис историон æмæ педагогикон куыстыты автор. Иуыл зындгонд дзы у «Тимур æмæ йæ фæдоны истори», ныффыста йæ 1430-æм—1440-æм æзты. Уыцы куысты фыссы 1386—1440-æм æзты хабæртты тыххæй, æмæ нывондгонд у Тамерланы, Шахрухы æмæ Кара-Коюнлуйы, уый йеддæмæ ма Хуссар Кавказы адæмты политикон историйæн[6]. Уый у ахсджиаг ратæдзæн Тамерлан Сомихы æмæ Æввахс Хурыскæсæны куы цыд, уыцы дугæн. Фыццаг хатт æй мыхуыры рауагътой Парижы 1860-æм азы. 1957-æм азы рацыдис мыхуыры Бакуйы уырыссаг æмæ азербайджайнаг æвзæгтыл Т. Тер-Гриноряны тæлмацы.

Историон куыст «Хроникæйы» автор, сомихаг æвзагы ахуыргæнæны чингуыты автор.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Vardapet Tʻovma Metsobetsʻi // Faceted Application of Subject Terminology
  2. Mecop'ec'i T'ovma // CERL Thesaurus (англ.)Consortium of European Research Libraries.
  3. 3,0 3,1 3,2 Сомихаг советон энциклопеди (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. ԽուդավերդյանՀայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
  4. 4,0 4,1 Ով ով է. հայեր (сом.) / ред. Հ. ԱյվազյանԵրևան: Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 2005.
  5. Товма Мецопеци. Армянская советская энциклопедия. — Ер., 1978. — Т. 4. — С. 201-202.
  6. Товма Мецопеци. Статья из Большой советской энциклопедии (3 издание)

Æрвитæнтæ

ивын