Татевы университет
Татевы университет у Сомихы иуыл стырдæр астæузаманы университет[1]. Йæ бындур ын 1373-æм азы Татевы моладзандоны сæвæрдта Ованес Воротнеци[2].
Истори
ивынТатевы моладзандоны æцæг кады æмæ рæзты заманыл нымайынц, йæ мидæг астæузаманы Сомихы иуыл стырдæр университет куы куыста. Сарæзтой æй XIV æнусы кæроны, æмæ æнусæрдæгы дæргъы уыл Ныгуылæн Сомихы иунæг университет. Университеты уыдис æртæ факультеты: философон-теологон, каллиграфиы æмæ миниатюрæйы, музыкæйы. Ам ахуыр кодтой философи, теологи, грамматикæ, физикæ, математикæ æмæ астрономи, каллиграфи, мадæлон æвзаг, литературæ, истори, архитектурæ, миниатюрæ æмæ къулыл нывгæныны аивад, нывкæнынады бындур, чингуыты оформленийы техникæ. Университет цæттæ кодта сановникты, теологты, педагогты и æмæ манускрипты раффысынады специалистты. Ахуыр дзы цыдис 7-8 азы дæргъы.
Татевы, 500 моладзанæй уæлдай цардысты философтæ, музыканттæ, фыссæджытæ, нывгæнджытæ. Университет йæ тæмæны бацыдис Ованес Воротнеци (1315—1388) æмæ дзы Григор Татеваци (1346—1410) куы куыстой ректортæй. Татевы университеты бындурæвæрæг, Ованес Воротнеци ахуыргæнæгæй куыста Гладзоры университеты. Татев куы æрцыдис, уæд йæ ахуыры программæ схуыздæр кодта. Йæ иуыл хуыздæр студентты ’хсæн уыдис Григор Татеваци, уый йæ хистæр зондамонæгы мæлæты фæстæ университет ног бæрзæндтæм систа. Сарæзта дзы дунесомихаг зонадон-культурон æмæ удон центр.
Зындгонд архайджытæ
ивын- Ованес Воротнеци (1315—1386) — философ, педагог. Университеты бындурæвæрæг
- Григор Татеваци (1346—1409) — философ, теолог, Воротнецийы ахуыргæнинаг. Фæивта йæ ректоры бынаты
- Аракел Сюнеци (1350—1425) — поэт, музыкант, грамматик, философ, Воротнецийы ахуыргæнинаг. Фæстæдæр йæхæдæг сси университеты ахуыргæнæг
- Товма Мецопеци (1378—1446) — историк, педагог, Григор Татевацийы ахуыргæнинаг
- Мхитар Татеваци (XIV—XV æнустæ) — ахуыргæнæг. Сси ректор Григор Татевацийы фæстæ
- Ованес Гермонеци (XV æнус) — теолог
- Маттеос Джугаеци (XV æнус) — философ, комментатор. Уыдис университеты ректор
- Аристакес Себастаци (XV æнус) — фыссæг, цыдæр рæстæг ахуыр кодта университеты
Галерей
ивын-
Григор Татевацийы дурсурæт. Матенадаран. Ереван, Сомих