Томайтæ
Равзæрд
ивынТомайтæ Къорайы цардысты. Сæ иу Хатæхцыхъо хуынди. Хæтæхцыхъойæн иу лæппу райгуырд æмæ йыл Хæтгар сæвæрдта. Хатæхцыхъо Рукъмæ алыгъд, æмæ Хæтгар уым слæг и. Хæтгарæн æрхастой кæсгон æлдары чызджы, æмæ йын дзы райгуырди æртæ лæппуйы. Сæ кæстæр Созырыхъо хуынди. Уый æрхаста Дыгурæй Хъуыбадты чызджы æмæ йын дзы райгуырди дыууæ фырты: Мæхæмæт æмæ Тасолтан. Хæтгар ноджы иу чындз æрхаста — Мачабелты чызджы. Мачабелты чызгæй райгуырдысты Леуан æмæ Пасул. Мачабелты зондæй Хæтгар ацыди кæсæджы æлдармæ уæзданы гæххæт исынмæ. Кæсæджы æлдар ын радта уæзданы гæххæтт. Дыгуры Хъуыбадтæ, Слонатæ æмæ Бруты Санатæ дæр сæ къух æрфыстой. Уæд Ерыстауы фырт стыр инæлар уыди, æмæ ма хъуамæ уый æрфыстаид йæ къух, фæлæ Ерыстауы фырт йæ къух нал æрфыста, æмæ Томайтæ æххæст уæздан нал систы.[1][2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
- ↑ Биазырты А. Х. Ирон адæмон аргъæуттæ (Историон æмæ бынæттон аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ хабæрттæ). — Цхинвал, 1962. — Т. III.