Тотраты Руслан
Тотраты Хадзыбатыры фырт Руслан (райгуырдис 1936-æм азы 28 сентябры, амардис 2015-æм азы 7 майы) у ирыстойнаг уырыссаг фыссæг.
Тотраты Руслан | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1936-æм азы 28 сентябры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2015-æм азы 7 майы (78 азы) |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг |
Уацмысты æвзаг | уырыссаг |
Цардвæндаг
ивынТотраты Руслан райгуырдис 1936-æм азы 28 сентябры Дзæуджыхъæуы. Фæстæдæр бинонтæ æрцардысты Курсчы облæсты Рыльскы районы (уырыс. Рыльский район). Уым 1954-æм азы Руслан фæци каст астæуккаг скъола æмæ уыцы аз бацыди Хойраджы индустрийы Мæскуыйы технологион институтмæ. Каст æй фæци 1960-æм азы æмæ инженеры дæсныйад райсгæйæ райдыдта кусын Орджоникидзейы мелькомбинаты механикæй. 1961-æм азы Тотрайы-фырт йæ куысты бынат раивта Орджоникидзейы электронон æрмæджыты зонадон-иртасæн институтмæ æмæ фæкуыста дзы инженер-конструкторæй 1967-æм азы онг.
1968-æм азы Руслан фæсаууонмæ каст фæци Максим Горькийы номыл Литературон институт. 1967—1969 азты уыди альманах «Литературная Осетия»-йы бæрнон нымæрдар. 1976-æм азæй фæстæмæ у ССР Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг.
1987-æм азы æвзæрст æрцыд Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы правленийы сæрдары хæдивæгæй, 1989-æм азы та сси, уыцы аз кæй сарæзтой, уыцы журнал «Дарьял»-ы сæйраг редактор. Уæдæй нырмæ лæууы журналы сæргъы.
Уацмыстæ фыссын æмæ сæ периодикон мыхуыры уадзын Тотраты Руслан райдыдта 1960-æм азы. Уырыссаг æвзагыл ныффыста къорд радзырды, аргъауы, роман «Любимые дети». Уымæй уæлдай ма у Цæгат Ирыстоны паддзахадон телерадиойы аивадон киноты сценариты æмæ сывæллæттæн фыст пьесæ «Силач, богач и сирота Дзиго»-йы автор.
Сфæлдыстад
ивынФыссæджы сфæлдыстады ахсджиагдæр бынат ахсы роман «Любимые дети».
Тæлмац кæныны куыст
ивынТотраты Русланы литературон архайды зынгæ бынат ахсы тæлмацгæнæджы куыст. Уырыссаг æвзагмæ раивта бирæ ирон прозаикон уацмыстæ. Уыдоны ’хсæн сты Дзесты Куыдзæджы, Богазты Умары, Гуыцымæзты Алешы æмæ æндæр ирон фысджыты уацмыстæ.
Библиографи
ивын- Чёрная земля. Повесть. Альманах «Литературная Осетия», 1969;
- Ритмы восхода. Рассказы. Орджоникидзе, 1969;
- День праздника. Сценарий телевизионного художественного фильма. Гостелерадио СОАССР, 1971;
- Духовая музыка. Рассказы и повесть. М., «Современник», 1973;
- Путешествие к бабушке. Рассказы. Орджоникидзе, 1974;
- Оглянись, найдешь друзей. Сценарий телевизионного художественного фильма. Гостелерадио СОАССР, 1976;
- Семейная драма. Сценарий телевизионного художественного фильма. Гостелерадио СОАССР, 1977;
- Любимые дети. Роман. М., «Современник», 1980;
- Мужское самолюбие. Сценарий телевизионного художественного фильма. Гостелерадио СО-АССР, 1983;
- Зверь, которого никто не боялся. Сказка. Орджоникидзе, 1984;
- Царь с шестью хвостами. Сказка. Орджоникидзе, 1985;
- Дикая груша. Роман, повесть, рассказы. Орджоникидзе 1986;
- Силач, богач и сирота Дзиго. Пьеса. Театр «Саби», 1986.