А́лан Мэ́тисон Тью́ринг (англ. Alan Mathison Turing; 1912-æм азы 23 июны — 1954-æм азы 7 июны) уыдис англисаг математик, логик æмæ криптограф, информатикæйы тынгадмæ стыр бавæрд чи ныккодта, уый. Уыдис Бритайнаг империйы Ордены кавалер, Лондоны къароладон æхсæнады уæнг. 1936-æм азы уымæй бахъаргонд абстрактон «Тьюринджы машинæ» баххуыс кодта алгоритмы æмбарынады формализаци кæнынмæ æмæ ныр дæр уымæй бирæ теорион æмæ практикон иртæсæнты пайда кæнынц. Тьюринджы зонадон куыстытæ сты алкæмæн зындгонд бавæрд информатикæ æмæ аразгæ интеллекты бындурмæ.

Алан Тьюринг
англ. Alan Mathison Turing
Гуырæн ном англ. Alan Mathison Turing
Райгуырды датæ 1912-æм азы 23 июны(1912-06-23)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1954-æм азы 7 июны(1954-06-07)[1][2][…] (41 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз криптоанализ[d], информатикæ[d], математикæ, логикæ[d] æмæ криптографи[d]
Куысты бынат
Альма-матер
Зонадон разамонæг Алонзо Чёрч[d]
Ахуыргæнинæгтæ Робин Ганди[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Къухфыст Подпись
Сайт turingarchive.org(англ.)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Дыккаг дунеон хæсты рæстæджы Алан куыста Хицауадон код æмæ шифрты скъолайы, Блетчли-парчы чи æрбынат кодта æмæ Сæмæны бæстæты шифр æмæ кодты тыхсастыл кæм куыстой, уыцы. Лæууыдта Hut 8 къорды сæргъы, кæцыйы сæйраг куыст уыдис Германы хæстон-денджызон флоты фыстæджыты криптоанализ. Тьюринг бакуыста тыхсасты мадзæлтты рæнхъыл, се ’хсæн дæр Bombe-йы теорион базæ — уыцы машинæйы, немыцаг шифратор Enigma-йы тыхсасты тыххæй кæуыл пайда кодтой.

Хæсты фæстæ Тьюринг куыста Национ физикон лабораторийы, кæм йæ проектмæ гæсгæ сарæзтой дунейы фыццаг компьютер, йæ мысæнуаты программæ чи дардта — ACE. 1948-æм азы ахуыргонд Макс Ньюманы хынцыны лабораторимæ æрбацыдта, кæм аххуыс кодта Манчестеры Компьютерты арæзтыл, æмæ уый фæстæ та математикон биологийыл цымыдис кодта. Тьюрин морфогенезы химион бындурыл куыст ныммыхуыр кодта æмæ æнкъуысты режимы цæугæ химион реакцитæ рагзæгъта, зæгъæм, Белоусов-Жаботинскийы реакци, кæцытæ æрмæст 1968-æм азы зонадон æхсæнад базонын кодтой. 1950-æм азы бахъардта эмпирион Тьюринджы тест, компьютеры арæзгæ интеллекты аргъ кæнынмæ.

Уый йеддæмæ Алан Тьюринг зындгонд у куыд гомофобийы зындгонддæр амæттæгтæй иу. 1952-æм азы уый «гуырымыхъхъ æнæфсæрм ми»-йы кæныны аххосджын банымад уыд. Тьюрингæн химион кастраци æмæ ахæстоны ’хсæн æвзæрыны бар радтой, æмæ ахуыргонд равзæрста фыццаг вариант. 1954-æм азы амардис цианиды маргбанызтæй. Фæдагуырд сфидар кодта, Тьюринг йæхи кæй амардта, уый. 2013-æм азы 24 декабры Стыр Британийы ус-къаролæй фæсмард реабилитацигонд æрцыдис.

Алан Тьюринджы номыл хонынц Тьюринджы Преми — информатикæйы фадыджы дунейы æппæтæй авторитетджындæр хорзæх.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 1,5 1,6 Ходжес Э. Alan TuringUnwin Paperbacks, 1985. — ISBN 978-0-04-510060-6
  2. 2,0 2,1 Internet Movie Database (англ.) — 1990.
  3. http://www.telegraph.co.uk/technology/news/9314910/Britain-still-owes-Alan-Turing-a-debt.html
  4. 4,0 4,1 Архив по истории математики Мактьютор — 1994.