Тюркологи у тюркаг æвзæгтæ иртасæг зонад. Ныртæккæ уыцы æмбарынадмæ хаст сты цалдæр зонады къабазы, уыимæ филологийы æдде чи ис, ахæмтæ: тюркаг адæмты истори, фольклор, дин æмæ афтæ дарддæр.

Тюркаг æвзæгтыл фыццаг бæстон куыст фæзындис XI æнусы, уый уыдис тюркаг ахуыргонд Махмуд ал-Кашгарийы чиныг «Тюркаг æвзаджы здæхтыты æмбырдгонд» (Kitâbü divân-i lûgat it-Türk).