Уæртджын хæфсыты цад

Уæртджын хæфсыты цад (гуырдз. კუს ტბა) у, Тбилисæй хуссар-ныгуылæнырдыгæй æртæ километры дæрддзæгæн, Мтацъминдайы хохы цæгатвахс чи ис, уыцы цад. Ахæм номæй йæ схуындæуыд, раздæр дзы уæртджын хæфсытæ бирæ кæй уыди, уымæ гæсгæ.

Уæртджын хæфсыты цад
гуырдз. კუს ტბა
Морфометри
Абсолютон бæрзæнд686,7 м
Ас0,15 × 0,38 км
Фæзуат0,044 км²
Донбылы дæргъ0,95 км
Ран
41°42′01″ с. ш. 44°45′15″ в. д.HGЯO
Бæстæ
РегионТбилис
МуниципалитетВаке-Сабуртало
Гуырдзыстон
Уæртджын хæфсыты цад
Тбилис
Уæртджын хæфсыты цад
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цадмæ кæлы чысыл цæугæдон Варазис-Хевийы (Къуары фæрсагдон) иу дыс. Цад денджызы æмвæзадæй у 686,7 метрæй бæрзонддæр, йæ фæзуат у 0,034 км². Цады иуыл арфдæр раны æрфад у 2,6 м.

Уæртджын хæфсыты цад у тбилисæгтæ æмæ сахары уазджыты уарзон фæлладуадзæн ран, йæ алфамбылай ис нывыл арæзт пляж.

Цадмæ бацæуæн ис автовæндагыл кæнæ канатвæндаджы фæрцы Уæлахизы парчы ’рдыгæй.

Цадмæ хæстæг, ныгуылæнырдыгæй æрбынат кодта Гуырдзиаг адæмон архитектурæйы музей — æнæцар гом этнографион музейон комплекс.