Уацамонгæ кæнæ Ацамонгæ, Нартамонгæ, Амонгæ — диссаджы къусы ном Нарты кадджыты.

Уацамонгæйы дарынц Алæгаты хæдзары, Нарты æмбисонды куывдтæ дæр адонмæ вæййынц, куывды сæйрагдæр æгъдæуттæй иумæ гæсгæ, хъуамæ Нарт радзырдтаиккой се сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Уацамонгæйы фæлгонц нарты эпосы удгоймаджы сурæты уагыл арæзт у, нымад цæуы эпосы хицæнхуыз персонажыл. Ис æм нарты хъæбатырты лæджыхъæд рабæрæг кæныныны хъомыс. Стыр сгуыхтдзтнæдтæ равдисæг нарты хъæбатыртæй-иу йæ лæгдзинады тыххæй куывды бон раст чи радзырдтаид, уымæн-иу йæ былтæм æмбисонды Уацамонгæ йæхæдæг йæхи систа.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 150-151 ф.

Æрвитæнтæ ивын