Алæгатæ — нарт цы æртæ мыггагæй Нарт уыдис, уыдонæй иу. Иннæ дыууæ мыггагæй — Æхсæртæггатæ æмæ Борæтæй — хъауджыдæр Алæгаты кой Нарты кадджыты тынг стæм у.

Алæгаты мыггаг хъуыстгонд у йæ зондæй, адонæй никуы ничи архайы нарты тæлæт — балцыты. Алæгаты мыггагæй хъайтарты номимæ эпосмæ бацыдис æрмæст æвзонг Тотрадз, кæцыйæн йæ бон бацис лæгæй — лæгмæ тохы æппæты номдзыддæр нартæй иуы — Сосланы — састы бынаты ныууадзын. Нарты диссаджы Уацамонгæ дæр ис Алæгатæм. Хъуыстгонд нæртон куывдтæ дæр вæййынц адоны хæдзары.