Уналашкæ
Унала́шкæ (англ. Unalaska, уырыс. Уналашка, алеут. Iluulux̂) у сахар АИШ-ы штат Аляскæйы. Сахар æрбынат кодта Амакнак æмæ Уналашкæйы сакъадæхты.
Сахар | |
Уналашкæ | |
---|---|
англ. Unalaska | |
53°53′ с. ш. 166°31′ з. д.HGЯO | |
Паддзахад | АИШ |
Штат | Аляскæ |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1772 |
Фæзуат | 549 км² |
Сахатон таг | UTC−9:00, сæрды UTC−8:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +1 907 |
Посты индекс | 99685 |
ci.unalaska.ak.us(англ.) | |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Уналашкæйы сакъадах ссардта Витус Беринджы экспедици 1741-æм азы. Фæстæдæр сакъадахы цы цæрæнран фæзындис, уый сси Уырыссаг Америкæйы компанийы ахсджиагдæр базæ. 1867-æм азы 18 октябры сахар, куыд æппæт колони дæр, радтой АИШ-æн.
Уналашкæ у АИШ-ы хъæздыгдæр кæсагахсæг порттæй иу.