Утопион уацмыс
Утопион уацмыс - Дунейы литературӕйы ахӕм уацмыс ӕппӕты фыццаг сфӕлдыста англисаг фыссӕг Томас Мор A478-1535). Йӕ ном дӕр ын схуыдта «Утопи». Утопи ӕрхъуыдыгонд ныхас у. Бердзейнагау амоны, чи никуы ис, ахӕм. Мор йӕ уацмысы равдыста иу сакъадахы сӕрибар адӕмы амондджын цард. Уым нӕй хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ, чи куыд кусы, цӕргӕ дӕр кӕны афтӕ.
Утопион уацмыстӕ ирон литературӕйы
ивынИрон литературӕйы ахӕм уацмыс, «Фын» , зӕгъгӕ , 1911 азы ныффыста Тлатты Хох . Радзырд кӕрӕй - кӕронмӕ дӕр арӕзт у утопион бындурыл. Радзырды сӕйраг архайӕг, йӕ фыны цы бӕстӕмӕ бахауд, уый ӕцӕгдзинадмӕ афтӕ дард у, ӕмӕ цы цаутӕ ӕмӕ нывтӕ ӕвдисы, уыдоныл чиныгкӕсӕг не ’ууӕнды, уымӕн ӕмӕ, хъалӕй цы уыны, уыдонимє сын иумӕйагӕй ницы ис. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ амоны, ӕмӕ, фыссӕг цӕмӕтф бӕллы, уыдонмӕ тырнын нӕ хъӕуы. Хъӕуы хуыздӕр цардыл тох кӕнын, стӕй ахӕм цардӕн уӕвӕн дӕр ис, ӕрмӕст йӕ сӕрвӕлтау хъуамӕ адӕм ӕмхуызонӕй кусой.