Уырымты Пётр
Уырымты Созырыхъойы фырт Пётр (райгуырдис 1932-æм азы Алагиры — амардис 1993-æм азы 29 мартъийы) у ирон поэт.
Цардафыст
ивынУырымты Пётр райгуырди Цæгат Ирыстоны Алагиры. Ахуыр кодта астæуккаг скъолайы æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологион факультеты. Куыста газеттæ «æрыгон коммунист» æмæ «Рæстдзинад»-ы, фæстæдæр — та Цæгат Ирыстоны телеуынæны сæйраг редакторæй.
Петр литературон куыстыл фæцалх ивгъуыд æнусы фæндзайæм азты райдайæны. Фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, пьесæтæ, уыди тæлмацгæнæг дæр. Уæлдай тынгдæр йæ хъус дардта рæзгæ фæлтæрмæ — рауагъта сынкъорд чиныджы Дзæуджыхъæуы æмæ Мæскуыйы уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй.[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012