Фæстаг маймули
«Фæстаг маймули» у фыццаг фантастикон роман, иронау фыст чи ’рцыд (мыхуырæй рацыд 1977 азы). Йæ автор у Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнг Къæбысты Зауыр.
Фæстаг маймули | |
---|---|
Жанр | фантастикæ |
Автор | Къæбысты Зауыр |
Оригиналы æвзаг | ирон |
Фыццаг публикацийы датæ | 1977 |
Цитатæ
ивын- Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æз къаннæг лæппу уыдтæн. Мæ зæрдæйы абон дæр нæма рафтыдысты, хæстæй нæ хъæумæ цы уæззау хабæрттæ хъуыстысты, æппæт уыдон. Уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæмæ арф айстон иу хабар. Адæймагадæн зæххыл иууыл стырдæр æнамонддзинад æрхæссы хæст.
- Къæбысты Зауыр, роман «Фæстаг маймули»-йы разныхас[1].
Рауагъды бæрæггæнæнтæ
ивын- Къæбысты Зауыр. Фæстаг маймули. Фантастикон роман. Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал, 1977. Тираж 2000 экз.