Финляндийы бакæлæн

денджыз
(Финнаг бакæлæн-æй æрвыст)

Финляндийы бакæлæн кæнæ Фины бакæлæн[1] (уырыс. Финский залив, фин. Suomenlahti, эст. Soome laht) у бакæлæн Балты денджызы скæсæны, йæ былтыл æрбынат кодтой æртæ паддзахады: Финлянди, Уæрæсе æмæ Эстони. Бакæлæнæн йæ ном равзæрдис, XVIII æнусы финнæгтæ кæм цæрынц, уыцы бæстæйы номæй[2].

Финляндийы бакæлæн
уырыс. Финский залив, фин. Suomenlahti, эст. Soome laht, швед. Finska viken
Характеристикæ
Фæзуат29 500 км²
Стырдæр арф121 м
Астæуккаг арф38 м
Бассейн420 000 км²
Ран
59°53′00″ с. ш. 26°06′00″ в. д.HGЯO
Хистæр акваториБалты денджыз
Бæстæтæ
Балты денджыз
Финляндийы бакæлæн
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Финляндийы бакæлæны фæзуат у 29,5 мин км², дæргъмæ у 420 км, уæрхмæ 70—130 км, рæстæмбис арфад — 38 м (максималон — 100 м).

Бакæлæны былтыл ис цалдæр сахары:

1996-æм азы уавæрмæ гæсгæ Финляндийы бакæлæны Уæрæсейы хайы ис, дæлдон чи фæцис, ахæм 5000 объекты бæрц. Уыдонæй 2500 сты наутæ, 1500 — хæдтæхджытæ, æндæртæ сты сурзæххон транспортон фæрæзтæ (хæдтулгæтæ, танктæ) æмæ алыхуызон объекттæ (сармадзантæ, науæнгуыртæ)[3].

Хæдзарадон ахадындзинад

ивын

Уæрæсейы территорийыл чи æрбынат кодта, Финляндийы бакæлæны уыцы портты сæйрагдæртæ сты:

Финляндийы территорийыл

  • Хельсинки (контейнертæ),
  • Коткæ (контейнертæ, хъæдæрмæг, хъæууонхæдзарадон продукци, уæрæсейаг товартæ ласынæн сæйраг траспортивæн порт),
  • Ханко (контейнертæ, автомобильтæ),
  • Турку (контейнертæ, æфсæнвæндагон быран);

Эстонийы территорийыл

Ныртæккæ Финляндийы бакæлæны кусынц мæнæ ацы быранвæндæгтæ:

  • «Silja Line». Маршруттæ: Хельсинки (Финлянди) — Мариехамн (Аланды сакъадæхтæ) — Стокгольм (Швеци), Хельсинки (Финлянди) — Таллин (Эстони).
  • «Viking line». Маршруттæ: Хельсинки (Финлянди) — Мариехамн (Аланды сакъадæхтæ) — Стокгольм (Швеция), Хельсинки (Финлянди) — Таллин (Эстони).
  • «Tallink». Маршрут Хельсинки (Финлянди) — Таллин (Эстони), Таллин (Эстони) — Мариехамн (Аланды сакъадæхтæ) — Стокгольм (Швеци), Палдиски (Эстони) — Каппельшер (Швеци).
  • «Finnlines». Быранылласæг европæйаг стырдæр компанитæй иу. Ласы адæмы æмæ товартæ ахæм бæстæты ’хсæн: Бельги, Герман, Норвеги, Швеци, Финлянди æмæ Уæрæсе.
  • «Superfast Ferries» «Tallink»-ы уылты. Маршрут Таллин (Эстони) — Ханко (Финлянди) — Росток (Герман).
  • «Eckeroline». Маршрут Хельсинки (Финлянди) — Таллин (Эстони).
  • «SuperSeaCat». Маршрут Хельсинки (Финлянди) — Таллин (Эстони).
  • «Георг Отс». Маршрут Калининград (Уæрæсе) — Бетъырбух (Уæрæсе).
 
 
 
 
Бакæлæны был Комаровомæ ’ввахс Хельсинкимæ ’ввахс сакъадæхтæ Таллины аргъуан Олевистейы сæрæй уынд Кæсагахсджытæ бакæлæны ихыл

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.
  2. Поспелов Е. М. Школьный топонимический словарь. — М.: Просвещение, 1988
  3. Каталог и атлас объектов на дне Балтийского моря и находки останков старинных кораблей на дне Финского залива(недоступная ссылка). Датæ: 2010-æм азы 18 февралы. Архив 2011-æм азы 4 сентябры.