Фыдрохгæнæн цъæх дур
Фыдрохгæнæн цъæх дур ахæм æвæджиауы дур уыдис Нартæм. Адæймагæн йæ фыдтæ, йæ зынтæ рохгæнæн фæрæз уыд. Кадæг «Уырызмæджы æнæном лæппуйы» Уырызмæджы тъыфыл цæргæс денджызмæ куы ахæссы, æмæ уым Донбеттыртæм йе ’нæзонгæ фырт йæхи къухæй куы фæмард вæййы (цирхъы сæрыл аходæггагмæ æрбауайгæйæ, лæппу фæцудыдта, æмæ цирхъ йæ зæрдæйыл ауадис), æмæ фæстæмæ Нартæм æрбаздæхгæйæ Сатанайæ куы базоны, уый сæхи æнæном лæппу уыд, уæд: «Ныттар кодта йæхи Уырызмæг. Худæгмæ нал худти, дзурæгмæ нал дзырдта, афтæмæй, — уæнтæбæрзонд æмæ сæргуыбырæй, — рацу-бацу кодта; рацыдис-иу Нарты Ныхасмæ æмæ-иу уым Фыдрохгæнæн цъæх дурыл ныххуыссыд дæлгоммæ, афтæмæй цардис иу къорд рæстæджыты дæргъы»[1].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.