Фыстæджыты чиныг (сом. Գիրք թղթոց) — VII æнусы аргъуаны-динон документты сомихаг æмбырд[1]. Конд у Сомихы, Гуырдзыстоны æмæ Ираны аргъуаны архайджыты рафыстытæй кæрæдзимæ.

Фыстæджыты чиныг

Куыд дзурынц уымæ гæгæ, æмбырды сæйраг хай сцæттæ кодта католикос Комитас I Ахцеци (615—628). Стæй æм бафтыдтой ноджы 98 документы (фыстæгы), уыдон æххæссынц V—XIII æнусты заман[2][3]. Иуыл рагон документ — Константинополы архиепископ Проклы фыстæг Саак Партевмæ. Æмбырд сарæзтой сомихаг аргъуан халкидонизмы ныхмæ тохы тыххæй. «Фыстæджыты чиныг» у Сомихаг аргъуаны рагон астæузаманы дуджы ахсджиаг историон ратæдзæн. Æмбырды æрмæджыты ис ахсджиаг информаци Фæскавказы иннæ бæстæты тыххæй дæр — Гуырдзыстоны æмæ Кавказаг Албанийы, уыцы дуджы социалон терминологийы аргъаг информаци.

Æмбырды хуызы чиныг баззад æрмæст иу къухфысты 1298-1299-æм æзты, рафыста йæ Товма Ромклаецы Киликийы Сомихы. Раздæр уыцы æмбырдгонд уыдис Константинополы библиотекæйы, ныр та вæййы къухфыстыты æвæрæны Бзоммары моладзандоны. Фыццаг рауагъд 98 фыстытæй конд мыхуырмæ бацæттæ кодтой Тифлисы (нырыккон Тбилис).

Фиппаинаг ивын

  1. К. Тревер. Очерки по истории и культуре Кавказской Албании. — М—Л., 1959. — фарс 294.
  2. А. Новосельцев. Генезис феодализма в странах Закавказья. — М.: Наука, 1980. — фарс 53.
  3. Michael E. Stone. Adam and Eve in the Armenian Traditions, Fifth through Seventeenth Centuries. — Society of Biblical Lit, 2013. — P. 687. — (Early Judaism and its literature, 38).