Хæмыцаты Албег
Хæмыцаты Албег (райгуырдис 1940-æм азы 5 майы Уæллаг Десы хъæуы, Тырсыгомы — амардис 2014-æм азы) у ирон поэт æмæ журналист.
Цардафыст
ивынХæмыцаты Албег райгуырдис Тырсыгомы, Десы хъæуы. Каст фæцис астæуккаг скъола æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологион факультет. Куыста Хъызлары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй, Сæрмагонд профтехучилищейы директоры хæдивæгæй, Цæгат Ирыстоны телеуынынады хистæр редакторæй, журнал «Мах дуджы» критикæ æмæ публицистикæйы хайады сæргълæууæгæй, СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы мыхуыры секторы консультантæй. Ныртæккæ у республикæйы радиойы хистæр редактор.
Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъоладзау ма куы уыд, уæд. Джиппы рауагъта иу дæс поэтикон чиныджы. Тæккæ æххæстдæр æмбырдгæндтæ йын сты «Дурты хъарм» (Дзæуджыхъæу, 2000) æмæ «Цæстырухс» (Дзæуджыхъæу, 2006).