Хамихъотæ[1] (уырыс. Хамикоевы, Хамиковы) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Сырх Дыгуры цæрæг Хамихъоты Урусбийы ныхæстæм гæсгæ, сæ фыдæл Дыгургоммæ æрцыд Гуырдзыйæ. Кæцæй æрцыдис, уый хуындис Магъали Цедиси. Цæмæн ралыгъдис сæ фыдæл ардæм, уый нæ зоны. Хамихъотæ фыццаг цардысты Нæуæгхъæуы, Стыр Дыгурмæ æввахс, фæлæ стæй ралыгъдысты Сырх Дыгурмæ. Хамихъотæй дарддæр ма Нæуæгхъæуы цардысты Гацолатæ, Гæтæгтæ, Тетцойтæ, Сабетæ. Гæтæгтæ Туркмæ алыгъдысты.

Таурæгъы æндæр вариантмæ гæсгæ, мыггаджы фыдæл Хамихъо цард Гуырдзыйы Рехуаты хъæуы, йæ мыггаг уыд Руситæй. Уым, дам, ын уыд мыггаджы мæсыг. Хамихъо Гуырдзыйы кънйазы амардта æмæ уырдыгæй ралыгъд. Æрбалыгъд йе ’ртæ фыртимæ Дыгуры коммæ æмæ æрцард Гуылæры комы Нæуæгхъæуы. Уыцы хъæуы, дам, Хамихъойы размæ цæрæг нæ уыд. Хамихъо Нæуæгхъæуы йæ мыггаг йæхи номæй раивта æмæ фæзындис Хамихъоты мыггаг.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.