Химилонтæ (уырыс. Химилоновы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Таурæгъмæ гæсгæ, Хæнæзы Химилонты мыггаг Дыгуры коммæ æрбафтыд хохаг кæмттæй кæцæйдæр. Æрбафтæуæг лæгæн йæ мыггаг уыд Химилонтæй. Хæнæзы бинонтæ æркодта. Фæзынд ын цæуæт, цæуæты цæуæт. Бирæ фæцардысты Хæнæзы, стæй, хохаг адæмтæн быдырмæ лидзыны бар лæвæрд куы æрцыд, уæд Химилонтæ дæр Хæнæзæй фæлыгъдысты быдыры хъæутæм.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.