Хистæр гутондар — афтæ хуындис, цæдисы уæнгтæ-иу фæлтæрдджындæр хуымгæнджыты æхсæнæй сæхицæн хистæрæн кæй равзæрстой, уыцы хуымгæнæг. Хуымгæнæг амыдта куысты фæтк, кастис кустæг фос æмæ кусæнгæрзты уавæрмæ; бæрæг кодта, цæдисы уæнггæй алчи дæр хъуамæ цы «хай» бахæсса, æмæ йын цал боны бахуым кæной, уый. Уыдис ын æнæивгæ æххуысгæнæг (иуæй-иу хатт ын радыгай æххуыс кодтой цæдисы уæнгтæ); хистæр гутондар ма йæ хæс уыдис цæдисы кусджытæн æрвылбон сихор амал кæнын.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.