Хлынцов, Николай Александры фырт

Николай Хлынцов (уырыс. Николай Александрович Хлынцов) у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы хицауады сæрдар[1] 2006-æм азы 6 сентябрæй[2] 2012-æм азы майы онг. Уыцы бынаты йæ аивта Такъоты Сергей.

Николай Александры фырт Хлынцов
Райгуырды датæ 1948-æм азы 26 декабры(1948-12-26) (75 азы)
Райгуырæны бынат
Архайды хуыз политик

Хлынцов райгуырд Дзæуджыхъæуы 1948-æм азы 26 декабры, каст фæци Цæгат Кавказы хæххон-металлургион институты арæзтадон факультет, куыста арæзтады (уыимæ трест «Электронстрой»-ы сæргълæууæгæй), уый фæстæ уыд партийы инструктор, партийы Промышленнон райкомы фыццаг секретарь.

Хицауады сæрдар суæвыны агъоммæ 2001-æм азæй фæстæмæ фондз азы дæргъы куыста Цæгат Ирыстоны таможнæйы сæргълæууæджы хæдивæгæй.

Ис ын бинонтæ, чызг.

Æддаг æрмæг

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Дзæуджыхъæу уыдзæн æдас горæт // «Рæстдзинад», №238, 2008 азы 20 декабрь.
  2. Кавказский узел: персоналии (уырыс.)