Ходы Камал
Ходы Хазбийы фырт Камал (райгуырдис 1941-æм азы 26 январы Зæронд Бæтæхъойыхъæуы — амардис 2021-æм азы 24 июны) у зындгонд ирон поэт, тæлмацгæнæг, литературон критик, Цæгат Ирыстон — Аланийы Фысджыты Цæдисы сæрдар (1990 азæй). Камал у Цæгат Ирыстоны гимны автор.
Ходы Камал | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1941-æм азы 26 январы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2021-æм азы 24 июны (80 азы) |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | поэт, тæлмацгæнæг, литературон критик |
Сфæлдыстады азтæ | 1962 — |
Жанр | поэзи |
Уацмысты æвзаг | ирон æмæ уырыссаг |
Хорзæхтæ |
1970 азы каст фæци Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институт. Фыста районты газеттæм, куыста Цæгат Ирыстоны телеуынынады, дæс азæй фылдæр разамынд лæвæрдта «Мах дуджы» критикæ æмæ публицистикæйы хайадæн. Чиныгуадзæн «Ир»-ы редакторæй куыста. 1985-1989 азты уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры директор.
Æддаг æрмæг
ивын- Зындгонд драматург Шоу Бернарды пьесæ «Пигмалион» Ходы Камалы тæлмацгондæй
- ГТРК Алания // Зæрдæмæ фæндаг. Ходы Камал