Хоситы Инусы фырт Бурхан (Дзамболат) (райгуырдис 1950 азы, сахар Сивасы) у ирон поэт.

Цардафыст ивын

Хоситы Бурхан райгуырдис Турчы сахар Сивасы. Ахуыр кодта скъолайы, стæй та лицейы. Уый фæстæ бацыдиc Стамбулы университеты экономикон факультетмæ. Каст æй фæциc 1973 азы æмæ кусын райдыдта бухгалтер-экономистæй. Ис ын йæхи офис.

1989 азы Бурхан, Хъаныхъуаты Ремзи æмæ ма ноджы цалдæр ироны Стамбулы сарæзтой æхсæнад «Алан». Йæ нысан у ахæм: хъуамæ ахъаз кæна Турчы бæстæйы ирон адæмы цард-цæрæнбонæн. Æхсæнады зæрдиагæй архайынц Асеты Халис, Бадты Елхъан, Чеджемты Али æмæ иннæтæ. Бурхан-Дзамболат æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 1967 азы. Фыста туркагау дæр. Ноджы туркаг æвзагмæ раивта Къостайы, Епхиты Тæтæрийы, Токаты Асæхы хицæн уацмыстæ, рацыдысты туркаг журнал «Кавказ»-ы.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012