Хостыхъоты Зинæ
Хостыхъоты Ахмæты чызг Зинæ (1937—1995) у зындгонд ирон поэтессæ.
Хостыхъоты Зинæ | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1937-æм азы 31 декабры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1995-æм азы 4 январы (57 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг, поэтессæ |
Жанр | лирикон поэзи[d] |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Цардафыст
ивынХостыхъоты Зинæ райгуырди Хъæдгæроны. Каст фæци иæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола æмæ Мæскуыйы А. М. Горькийы номыл Литературон институт. Уый фæстæ куыста газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы, Хуссар Ирыстоны фысджыты журнал «Фидиуæджы», Цæгат Ирыстоны телевизион студийы, журнал «Мах дуджы» редакцийы.
Поэтессæйы фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты 1954 азы. Рацыдис ын иу дæс чиныджы. Сæ зынгæдæртæ: «Сæууон æртæх» (Цхинвал, 1967), «Æрвгъуыз сагъæстæ» (Цхинвал, 1971), «Уарзондзинады монолог» (Орджоникидзе, 1975), «Æмæ цагъта дзæнгæрджытæ уалдзæг» (Орджоникидзе, 1981), «Сæуæхсиды зæлтæ» (Орджоникидзе, 1988), «Æрвнæрыны размæ» (Дзæуджыхъæу, 1994). Йæ амæлæты фæстæ ма рухс федта ноджы йæ иу поэтикон чиныг «Табуйаг» (Дзæуджыхъæу, 1998).[1]
Литературæ
ивын- Дзуццаты Хадзы-Мурат. Поэтессæйы æрвхуыз дуне. // «Мах дуг», 3/2001, ф. 119.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012