Хостыхъоты Солтан

Хостыхъоты Знауыры фырт Солтан (райгуырдис 1917-æм азы 25 октябры, Хъæдгæроны; амардис 2000-æм азы 14 апрелы, Хъæдгæроны), Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг.

Хостыхъоты Солтан хæсты рæстæг

Райгуырдис зæхкусджыты бинонты ’хсæн 1917 азы (раздæр уый карæн адæймæгты буцæн хуыдтой «Стыр Октябры æмгар»). Лæппу цалдæр азы фæахуыр кодта хъæуы скъолайы, уый фæстæ ацыдис Ростовмæ. Уым райста астæуккаг техникон ахуырад æмæ уырдыгæй, йæ афон куы ’рцыди, уæд ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта Одессæйы, 197-æм артиллерион полчъы.

1939 азы 1 сентябры фашистон Герман ныббырста Польшæмæ, ракъахта Фыццаг дунеон хæст. Уæды Польшæмæ хаудысты Ныгуылæн Украинæ æмæ Ныгуылæн Белорусси. Советон Цæдисы разамынд йæ сæрмæ не ’рхаста уыцы зæххыты цæрæг æфсымæрон адæмты немыцы къæхты бын ныууадзын æмæ уæд не ’фсæдтæ ахызтысты Польшæйы зæронд арæныл. Уæд нæхиуæттæ схæццæ сты сахар Лодзьмæ, фæлæ немыцимæ куы бафидыдтой, уæд ног арæн скодтой цæугæдон Бугыл. Уый уыд æцæг хæстон операци — уым Сырх Æфсадмæ æнхъæлмæ кастысты æрмæстдæр мæгуыр украинæгтæ æмæ белоруссæгтæ, поляккæгтæм та уæд Гитлер æмæ Сталин ницы уæлдай кастысты. Немыцæгты ныхмæ польшæйаг æфсад дыууæ къуырийы йеддæмæ нæ фæлæууыд.

Уыцы операцийы фæстæ Солтаны полкъ æрбынат кодта горæт Ковельмæ хæстæг. Солтаны арвыстой хицæн зенитон дивизионмæ. Уыцы дивизионы сконды 1939-1940 азты архайдта советон-финнаг «зымæгон» хæсты. Финляндийы æфсæдтæ дæрæнгонд куы ’рцыдысты, уæд Хостыхъойы-фырт демобилизацийы фæстæ сыздæхтис, æфсæддон службæйы размæ кæм куыста, уырдæм — Ростовы зындгонд завод «Ростсельмашмæ». Уæд завод куыста æфсæддон заказтæм гæсгæ, уагьта канд хъæууон-хæдзарадон нæ, фæлæ хæстон техникæ дæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, æмæ немыц Ростовмæ хæстæгæй-хæстæгдæр куы кодтой, уæд завод æнæхъæнæй аластой Ташкентмæ. «Ростсельмашы» иу мин æвзæрст кусæгимæ уырдæм арвыстой Солтаны дæр. Ташкенты заводы фæлтæрдджын кусджытæ ахуыр кодтой бынæттон адæмæй ног специалистты. Завод скуыста текстилон комбинаты бындурыл. Адæм кусгæ кодтой бон 12-14 сахаты, æртæ мæйы фæстæ байдыдтой «катюшæты» нæмгуытæ уадзын. Солтан кæд æмбæрста, Ташкенты кусгæйæ дæр фронтæн æххуыс кæй кæны, уый, уæддæр тырныдта знаджы ныхмæ хæцæг æфсадмæ. Заводы æфсæддон разамынд æй бæргæ нæ уагьта, фæлæ йæ бауромын сæ бон нæ баци, æмæ 1943 азы январы хьæдгæройнаг лæппу 25-æм уæлдæфон десантон полчъы сконды ацыд йе ’ртыккаг фронтмæ. Арвыстой сæ горæт Зæронд Руссæмæ, Солтаны скодтой санинструктор — уый размæ фæци сæрмагонд курсытæ медицинон-санитарон батальоны. Уæд иу бон тохы быдырæй рахаста 63 цæф хæстоны. Знаджы хæдтæхджытæ сыл бомбæтæ куы ’ркалдтой, уæд йæхæдæг дæр фæцæф, баййæфта контузи. Полчъы уæдмæ сæдæ лæджы йеддæмæ нал уыди.

Хæстон къам. 1945 азы 2 майы ист. Фæстейæ, фæндырдзæгъдæджы фæстæ лæууы Хостыхъоты Солтан

Госпитæлы фæстæ Солтаны арвыстой ног полкъмæ. Уыцы æхсæг полчьы дæр карз хæстыты фæстæ баззадис æрмæстдæр 37 адæймаджы. Уæд йæхиуыл дæр сæмбæлдис немыцаг снайперы дыууæ намыджы. Ныфсджын ирон лæппу згъæрхуд никуы дардта, фæлæ йæ уыцы бон скодта æмæ йын æй йæ сæрæй уайтагьд нæмыг ахаста. Дыккаг нæмыг та фæцæф кодта йæ фарс. Уæд æй мæлæтæй фервæзын кодта йе ’мзæххон, хæтæлдойнаг Хъулаты Хъылцыхъо. Æфсæддон дохтыр уæвгæйæ, йæ дадзинты бауагъта доноры туг. Уæд Солтан мæймæ сдзæбæх æмæ ногæй атындзыдта фронтмæ. 1944 азы августы ногæй фæцæф æмæ та бахауд Къылцыхъомæ. Уый йæ пырх зæнгмæ куы ’ркаст, уæд ын загъта, цалынмæ, дам, дæ цæф сдзæбæх уа, уæдмæ хæст дæр фæуыдзæн. Фæлæ афтæ нæ рауад. Цалдæр мæйы фæхуыссыд госпитæлты, фæлæ уæдмæ нæдæр йæ къах кæронмæ сдзæбæх, нæдæр хæст фæци.

Къуылыхæй йæ фæстæмæ хæцынмæ нал акодтой, фæлæ йæ арвыстой 3-аг Белоруссаг фронты немыцаг уацайрæгтæ æмбырдгæнæн лагермæ. Уырдыгæй сæ ластой Мæскуымæ. Немыц кæддæр бæллыдысты уым парад скæнынмæ æмæ сын æй скодтой — Мæскуыйы уынгтыл æстдæс километры ацыдысты мæскуыйæгты раз. Уацайрæгты Тамбовмæ куы аластой, уæд Солтаны арвыстой СМЕРШ-ы дивизимæ, Литвайы Каунасы районмæ. Уæд контрразведкæйы старшина Хостыхъойы-фырт ахста, немыцаг шпионты æмæ, сырхæфсæддонты чъылдымы ’рдыгæй чи мардта, уыцы бандитты. СМЕРШ-ы фæслужбæ кодта 1945 азы мартъимæ. Уæд æй йæ бирæ цаефты тыххæй службæйæ ауагьтой. Фæлæ лæппуйы фæндыд йæ хæстон æмбæлтты бабæрæг кæнын. Уыдон уæд Берлиныл тох кодтой, æмæ ацыд уырдæм. Йе ’мбæлттимæ бацыд Берлинмæ, уый фæстæ та — Венæмæ. Уым сыл сæмбалд Уæлахизы бон.

Солтан дæр æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ, бинойнагæн æрхаста Гагкайты Ахберды чызг Елмысханы. Рацыд сын хорз цот, сæ хæствæллад фыды буцæй дардтой, йæ хæдзары йын алы аз дæр 9 майы кодтой куывд. Бирæ цæфтæн бафæрæзта зæронд хæстон, фæлæ йыл фæстаг рæстæг низтæ уæлахиз кæнын байдыдтой, йе 'нæниздзинад фæцудыдта æмæ йын 2000 азы 16 апрелы йæ уарзон хъæубæстæ æмæ хæстæджытæ загьтой фæстаг фæндараст. «Рухсаг у, Солтан, мæрдты дзæнæты фæбад. Дæу хуызæтты руаджы сæрибарæй цæрæм хæдбар паддзахады. Нæ адæмæй никуы ферох уыдзæн, сымах фæлтæр хæсты рæстæг цы хъæбатырдзинад равдыста, уый», — фыста уыцы аз газет «Рæстдзинад», «Хъæдгæронæй Берлинмæ», ахæм уацы, зæгъгæ.