Христофор
Христофор (гр. Χριστόφορος (Christóphοros) «дзуар чи хæссы») у, æппæт Европæйы чи ахалиу кодта, грекъаг равзæрды ахæм ном.
Ирон адæммæ дæр уыцы ном дæттынц. Уыцы номимæ зындгонддæр ирæттæ уыдысты Цыбырты Христофор æмæ Плиты Христофор.
Уыцы номы æндæр æвзæгты верситæ сты Кристофер, Крис, Кристо, Кристоф, Кестер, Тофер, Кристобаль.