Хунан (сом. Հնարակերտ, гуырдз. ხუნანი) — астæузаманон фидар æмæ бæстæ Къуары былыл. Владимир Минорскимæ гæсгæ, Хунан фæзынын кодта арæн Сомих æмæ Арраны ’хсæн. XII документты æмбырды Масуда ибн Намдары кой кæнынц, куыд Арраны арæнон бынаты тыххæй.

Ном ивын

Рагон сомихаг ратæдзæнты йæ хонынц куыд Хнаракерт æви Хунаракерт[1]. Рагон араббаг ратæдзæнты фидар хонынц Хунан[2]. Гуырдзиаг ратæдзæнты Хунани.

Историон очерк ивын

Хунани хаудис Иберийы паддзахадмæ[3][4]. «Картлис цховребамæ» гæсгæ, ацы административон дих сарæзта Фарнаваз I[4].

III æнусы Мириан III хицауиуæджы рæстæджы, Перозы хонынц, куыд Хунанийы ерыстау[4].

V æнусы Вахтанг I Горгассалийы хицауиуæджы рæстæджы ерыстау уыдис Нерсаран. 485-æм азмæ ’ввахс Иберийы паддзах сæвæрдта Хунаны епрахийы бындур [4]. Сомихаг ратæдзæнты алчер Хунани 505-æм æмæ 506-æм æзты уыд Иберийы прелаттæй сæ иу[4].

VIII æнусæй араббаг бабырсты фæстæ Гуырдзымæ, Хунани бацахста араббаг халифа æмæ Хунаны эмиратæн бындур сæвæрдæуыд. Тагъд рæстæджы Тбилисы эмиратæн бындур куы сæвæрдтой 736-æм азы, Хунаны эмир бакуымдта Тбилисы эмирæн.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. О. Драсханакертци. Сомихы истори. 1986 аз. — фарс 130
  2. Н. Караулов. Ал-Истархий — фарс 13-34
  3. The Geography of Ananias of Širak. — Wiesbaden : Ludwig Reichert Verlag.
  4. 4,0 4,1 4,2 4,3 4,4 Studies in Christian Caucasian History. — Georgetown University Press.