Фарнаваз I (гуырдз. ფარნავაზ I [pʰɑrnɑvɑz]) уыдис Иберийы, нырыккон Гуырдзыстоны зæххыл рагон паддзахады, фыццаг паддзах. «Картлис цховреба»-мæ гæсгæ уыдис Картлийы, гуырдзиаг астæузаманы паддзахады, фыццаг хицауиуæггæнæг æмæ Фарнавазидты мыггаджы бындуравæрæг. Астæузаманы ратæдзæнтæм гæсгæ хицауиуæг кодта III æнусы нæ эрæйы агъоммæ: Вахушти Багратионимæ гæсгæ уый уыдысты 302-207 азтæ, Кирилл Тумановмæ гæсгæ 299-234 æмæ Павле Ингорохъвамæ гæсгæ 284-219.[1] Фарнаваз Иберийы хицау кæй сси æмæ йæ паддзахад кæй сыстыр кодта, уый баст уыдис, Стыр Александры Ахеменидты паддзахадыл уæлахизтимæ.[2][3] Фарнаваз хицауиуæг кодта Селевкидты империйы дæлбарæй.[4]

Фарнаваз I
гуырдз. ფარნავაზი
1-æм Иберийы паддзах
299 нæ э. а. — 234 нæ э. а.
Фæстæдæр Саурмаг I
Райгуырдис 326 нæ э. а.
Амардис 234 нæ э. а.
Мыггаг Фарнавазидтæ
Сывæллæттæ Саурмаг I
Дин гуырдзиаг мифологи[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Картлис Цховребамæ гæсгæ Фарнавазы фыдæл уыдис Уплос, Картлосы фырты Мцхетосы фырт, чи, йæхæдæг, уыдис зындгонд æмæ тыхджын аст æфсымæртæй сæ иу, адонæн та сæ фыдæл уыдис Таргамос, йæ фыд Тарси, йæ фыды фыд Иафет, Библийы Нойы фырт. Гуырдзиæгтæй фыст равзæрæнтæ чи не сты, ахæмты йæ кой ничи кæны, æмæ уый тыххæй нæй гæнæн сбæлвырд кæнын, æцæгæй фыццаг гуырдзиаг паддзах кæй уыди, уый. Йæ кой баст у таурæгъон миниуджытимæ, æмæ уый тыххæй гæнæн ис, æцæг адæймаджы æмæ йæ цауты рох кæнын куы байдыдтой, уæд Фарнаваз таурæгъон фигурæ сси, æмæ гуырдзиаг азгайфыстыты фæзындис куыд дæнцон разчырыстон паддзах.[5]

800-æм азты фыст азгайфыст «Паддзæхты цард»-мæ гæсгæ Фарнаваз уыдис кадджын мыггаджы уæнг, йæ мыггагæн та сæ фыдæл уыдис Картлос, Картлийы мификон этнарх. Йæ фыды æфсымæр уыдис Цхетайы алыварс цæрæг гуырдзиаг знæмтæн сæ "мамасахлиси" (мыггаджы хистæр) .[6] Фарнавазы мад уыдис Исфаханæй рацæугæ персайнаг сылгоймаг,[7] Гуырдзыстоны паддзахы фырт Теймураз æмæ Гуырдзыстоны Патриарх Антоний I йыл фыстой, Дарийы III-ы чызг кæй уыди, уый. Фарнавазы æппæт истори фыст уыдис чырыстон автортæй, фæлæ уæддæр ирайнаг-хуызæн миниуджытæй æмæ мистикон аллюзитæй дзаг у: уый æвдисы фидар бастдзинæдтæ рагон Гуырдзыстон æмæ Ираны æхсæн. Йæ ном Фарнаваз йæхæдæг у ахæм бастдзинады æвдисæн — йæ уидæг par- ист у рагон ирайнаг термин фарнæй, кæцы ис ирон адæммæ дæр: рагон персиæгты уырнындзинæдтæм гæсгæ уый уыдис алы паддзахæн йæ ахсджиаг миниуæг.[8] Мыггагон ном Парнавазиани ссарæн ис рагон сомихаг азгайфыстыты дæр цалдæр формæты — Пъарнауазеан (Фавстос Бузанды куыстыты, 5-æм æнус) æмæ Пъаразеан (Сомихы истори 14, 5-æм æнусы райдиан) — уый æвдисы, Фарнаваз кæй хуыйдтой, ахæм паддзах æндæрбæстæгтæй дæр нымад уыд гуырдзиаг династийы бындуравæрæгыл. Уый йеддæмæ Фарнавазы кой цæуы Армазийы билингвæйыл.[9][10]

Гуырдзиаг хроникæтæ афыссынц Фарнавазы цард йæ райгуырдæй суанг йæ мардæвæрæнмæ, æмæ уыимæ баст сюжеттæ нымад цæуынц йæ æппæты мифологиондæр хайыл.[11] Æртæ азы йыд куы цыдис, гыццыл Фарнавазæн йæ мыггаг ныццагъта æмæ сæ бынтæ йæхимæ райста Стыр Александрæй фидаргонд бæстыхицау Азон. Александры ныббырст Иберимæ афыссынц æрмæст гуырдзиаг историктæ нæ, фæлæ Хистæр Плиний æмæ Гай Юлий Солин дæр. Уыцы экспедицийы кой Страбон дæр кæны: рарвыстой йæ 323-æм азы нæ эрæйы æгъоммæ сыгъзæрины къахæн бынæттæ агурынмæ.

Фарнаваз схъомыл æнæ фыдæй. Йæ фыны мидæг йæм æрцыдис Хуры уд. Ацы фыны фæстæ йæ бафæндыд «йæ цард уæздан хъуыддагтæн снывонд кæнын». Уый фæстæ цуанмæ цæуы. Цуаны дæргъы, сагы куы аййæфта, уæд æвиппайды лæгæты мидæгстыр хæзнатæ ссардта.[12] Фарнаваз уыцы хæзна йæхимæ райста, æмæ уый руаджы райдыдта Азоны ныхмæ стыр æфсад æмбырд кæнын. Ууыл йын æххуыс кодта уæздан Куджи Колхаг æмæ фæстæдæр йæ хойы ракуырдта.[13] Азоны æфсадæй сæ растæг æфсадмæ алыгъдис иу мин хæстон лæджы — хроникæйы автор сæ схуыдта «ромæгтæ», æмæ зæгъта, Фарнаваз сæ йæ уæлæхизы фæстæ Азоны номыл азнауртæй кæй схуыдта (æниу, уый мæнг этимологи у).

Фарнавазы историйы æппæт миниуджытæ — æнæфыд лæппу, кæцыйы бамбæхстой æмæ схъомыл кодтой дард хæхты мидæг, йæ рохгонд уæздан равзæрд, йæ фынтæ, йæ фембæлд Хуры удимæ, йæ цуан, хæзна лæгæты куыд ссардта æмæ афтæ дарддæр — ииуылдæр баст сты Ираны бындуравæрæг паддзахтыл таурæгътимæ, Стыр Кир æмæ Ардашир I-имæ, зæгъæм.[14] Фарнаваз йæхи паддзах куыд скодта, уый, æвæццæгæн, баст у даррдæры Сасанидтимæ баст сюжетимæ, фыццаг Сасанидаг шахиншахтæ сæхи куыд паддзах кодтой, уыимæ.[15]

Хицауиуæг

ивын
 
The kingdom's borders per the Georgian royal annals.

Карз тохы Фарнавазы лæгтæ Азоны æфсад ныппырх кодтой æмæ йæ амардтой, æмæ 27-аздзыд Фарнаваз сси Иберийы паддзах. Хроникæ куыд дзуры, афтæмæй уый сразы ис Селевкидты дæлбар суæвын, Александры фæстæ Персийы чи хицаиуæг кодтой, уыдоны — хроникæйы та сæ хонынц "паддзах Антиохы" номæй.[5]

  ფარნავაზ წარავლინნა მოციქულნი წინაშე მეფისა ანტიოქოს ასურასტანისა, და წარსცა ძღუენი დიდ-ძალი. და აღუთქუა მას მსახურება, და ითხოვა მისგან შეწევნა ბერძენთა ზედა. ხოლო ანტიოქოს შეიწყნარა ძღუენი მისი, და უწოდა შვილად თჳსად, და წარმოსცა გჳრგჳნი.

«Фарнаваз йæ минæвæртты рарвыста Ассирийы паддзах Антиохмæ, æмæ стыр лæвæртæ йын радта. Æмæ йын зæрдæ бавæрдта, уымæн кæй лæггад кæндзæни, æмæ йæ ракуырдта, бердзенæгты ныхмæ йын цæмæй баххуыс кæна. Æмæ Антиох йæ лæвæртæ райста, æмæ йæ йæ фырт схуыдта, æмæ паддзахы худ ын радта».

 

[16]

Хроникæ ма амоны, Фарнаваз «ирайнаг» модельмæ гæсгæ хицауиуæг кæй кодта, уый.

  ესრეთ განაწესა ესე ყოველი ფარნავაზ მიმსგავსებულად სამეფოსა სპარსთასა.

«Æмæ Фарнаваз уым алцыдæр сарæзта персиæгты паддзахады хуызæн».

 

[17][18]

Фарнаваз сарæзта, йæ бындуры регионалон хицауыты — ерыстауты — хыз кæмæн уыдис, ахæм æфсæддон-административон дих. Ерыстаутæ-иу паддзахæй миниуджытæ истой: скипетр, къухдарæн, рон æмæ хæцæнгарз. Иберийы мидæг авд ерыстауы уыдис: Колхийы, Къахеты, Хунанийы (нырыккон Азербайджаны зæххыл), Самшвилдейы (Дæллаг Картли), Цундайы (æд Джавахети, Кола æмæ Ардахан), Ордзхейы æмæ Кларджетийы. Паддзахады уыдис иу "спаспет" (Перс. Spāhbed — æфсады хицау), уый æрмæстдæр паддзахæн лæггад кодта. Ерыстаутæ халдих кодтой ахеменидаг сатрапиты æмæ селевкидаг стратегты аспекттæ. Гуырдзиаг хроникæтæ цы историктæ фыстой, уыдоны сæйраг бæллиц уыдис адæмы баууæндын, Картлийы политикон структурæ Стыр Алыксандры хæстыты рæстæджы сæ рагон фыццаг паддзахæй арæзт кæй уыд, уый, стæй Ахеменидты административон системæйы фæдыл кæй арæзт уыд æмæ æнæ ивддзинадтæй эллинаг, парфиаг æмæ сасанидты рæстæджы кæй баззад, уый дæр.

Фарнавазы паддзахады уыдис ахæм иерархион арæзт: паддзах, паддзахадон æфсады спаспет (æфсады хицау), ерыстаутæ, паддзахадон фидарты гарнизонты æфсады астæуккаг хицаутæ (атасиставис цихаставис), уæздан мыггæгты кæстæр фырттæ чи уыдысты, ахæм кæстæр хицаутæ (асиставис); стæй сыхæг бæстæтæй æххуырст хæстонтæ æмæ æппæт паддзахадæй рацаугæ профессионалон хæстонтæ.

Æргом у, Фарнавазæй арæзт Иберийы ерыстауадты структурæйæн хæстон нысаниуæг кæй уыдис, уый — йæ адæм паддзахады хъæхъхъæныны фæдыл сорганизаци кæнын. Уыцы рæстæджы Иберийы адæмы бæрц уыдис 600 мин адæммæ ’ввахс, æмæ сæ бон уыдис 100 мин адæймаджы бæрц æфсад сæмбырд кæнын. Страбонмæ гæсгæ, Иберийы æфсад уыдис 70-80 мины бæрц, афтæмæй алы ерыстауады къухы уыдис 10 мин æфсаддоны. [19]

Кæд гуырдзиаг æмæ классикон æвдисæнадтæ Карти æмæ Селевкидты хсæн цы бастдзинадтæ уыд, уый бæлвырд-хуызæнæй æвдисынц, уæд Фарнаваз цы ерыстауадты системæ сарæзта, уый нырыккон иртасджытæм гæсгæ æцæг хабар нæу, фæлæ æстæузаманы Гуырдзыстоны цы феодалон системæ уыд, уый срагон кæныны фæлварæн у.[20]

Фарнаваз Гуырдзыстоны цалдæр зындгонд агъуысты самадта: гуымиры Армази æмæ æмхуызæн ном кæмæн ис, ахæм фидар.[20]

Йæ хицауиуæджы дæргъы Фарнаваз цæдисон уыдта алыхуызон Цæгат Кавказы адæмтимæ. Æрæх сæ хуыдта знæгты ныхмæ хæстмæ. Цæмæй дурдзуктимæ цæдис сфидар кæна, уый фæдыл дурдзукаг сылгоймаджы ракуырдта.[21] Афтæмæй дæр йæ хойы смой кодта цыдæр сæрмæттаг фæтæгыл.[22]

«Картлис цховреба» куыд амоны, афтæмæй Фарнаваз уыдис, гуырдзиаг абетæ чи сарæзта, уыцы адæймаг, æмæ гуырдзиаг æвзагæй йæ паддзахады официалон æвзаг скодта:[23]

  და ესე ფარნავაზ იყო პირველი მეფე ქართლსა შინა ქართლოსისა ნათესავთაგანი. ამან განავრცო ენა ქართული, და არ-ღა-რა იზრახებოდა სხუა ენა ქართლსა შინა თჳნიერ ქართულისა. და ამან შექმნა მწიგნობრობა ქართული. და მოკუდა ფარნავაზ, და დაფლეს წინაშე არმაზისა კერპისა.

«Æмæ афтæ Фарнаваз уыдис фыццаг паддзах Картлосы адæмæй. Рапарахат кодта гуырдзиаг æвзаг, æмæ гуырдзиаг æвзаджы йеддæмæ Картлийы зæххыл æндæр æвзаг нал уыдис. Сфæлдыста гуырдзиаг абетæ. Æмæ амардис Фарнаваз, æмæ баныгæдтой йæ Армазийы размæ»

 

Хроникæмæ гæсгæ Фарнаваз хицаиуæг кодта 65 азы дæргъы.[5][24]

  ამან ფარნავაზ მოზღუდა ქალაქი მცხეთა მტკიცედ, და ყოველნი ქალაქნი და ციხენი ქართლისანი, მოოჴრებულნი ალექსანდრესგან, ამან აღაშენნა. და ვერ-ღა-რა იძიეს შური ბერძენთა მის ზედა, რამეთუ უცალო იყვნეს ბერძენნი ბრძოლისაგან ჰრომთასა.

«Фарнаваз æрбайста Цхетайы сахар æмæ Картлийы æппæт сахартæ æмæ галуантæ, Алыскандр кæй скуынæг кодта, уыдоны, æмæ сæ рацаразта. Æмæ бердзенæгтæн сæ бон нæ уыди уымæй сæ маст райсын, уымæн æмæ нал цын уыдис хæстонтæ, уымæн æмæ иууылдæр Ромы хæцыдысты».[25]

 

Йæ мæлæты фæстæ баныгæдтой йæ йæ гуымиры Армазийы цур æмæ кувын æм райдыдтой. Йæ фырт Саурмаг ног паддзах сси.[26][27][28]

Фарнавазы ингæны ран ныры онг ничи ссардта. Йæ ингæнмæ-иу чи цыдис, ахæм фæстæг паддзах уыдис Мириан III.[29]

Фæстаг

ивын

Багратионты мыггаг Фарнавазы сæ фыдæлыл нымадта.[30] Гуырдзиаг паддзæхтæм гæсгæ сæ хицауиуæджы бар комкоммæ Фарнавазæй цыдис, æмæ астæузаманы Гуырдзыстоны паддзахад уыдис Иберийы паддзахадæн йæ комкоммæ фæдон[31]

Тбилисы ис Фарнавазы номыл уынг, проспект, æмæ Фарнавазы цырт. Уый йеддæмæ Фарнавазы номыл уынгтæ ис Батуми, Кутаиси, Хашури, Гур, Гурджаани, Сачкере, Зестапори æмæ æндæр сахарты. Бирæ скъолатæ æмæ æндæр агъуыстытæ дæр дарынц йæ ном.[32]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Rapp, p. 274.
  2. Rapp (2014), p. 203
  3. Rayfield (2013), p. 23
  4. Rayfield (2013), pp. 22-23
  5. 5,0 5,1 5,2 Rapp, p. 276.
  6. Georgian royal annals, page of edition 20, line of edition 17-18-19
  7. Rapp (2014), p. 205-239
  8. Rapp, pp. 275-276.
  9. Gamkrelidze, p. 122
  10. Rapp (2014), p. 216
  11. Rayfield, p. 60.
  12. Rayfield, p. 61; Rapp, p. 276.
  13. Georgian royal annals, page of edition 24, line of edition 3
  14. Rapp (2014), p. 208
  15. Rapp (2014), p. 209
  16. Georgian royal annals, page of edition 23, line of edition 12-13-14-15
  17. Georgian royal annals, page of edition 25, line of edition 4
  18. Rapp (2014), p. 211
  19. Henri J. M. Claessen, Peter Skalnik, The Early State, p. 263
  20. 20,0 20,1 Rapp, p. 277.
  21. Georgian royal annals, page of edition 25, line of edition 5
  22. Georgian royal annals, page of edition 24, line of edition 2
  23. Georgian royal annals, page of edition 26, line of edition 8-9-10
  24. Georgian royal annals, page of edition 25, line of edition 14
  25. Georgian royal annals, page of edition 25, line of edition 6-7-8-9
  26. Rapp, p. 280.
  27. Georgian royal annals, page of edition 26, line of edition 13
  28. Rayfield (2013), p. 24
  29. Georgian royal annals, page of edition 65, line of edition 19
  30. Salia, p. 129
  31. Salia, pp. 130-133
  32. Statistics Public Service Hall

Библиографи

ивын
  • Rapp, Stephen H. (2003) Studies In Medieval Georgian Historiography: Early Texts And Eurasian Contexts. Peeters Bvba ISBN 90-429-1318-5.
  • Rapp, Stephen H. (2014) The Sasanian World through Georgian Eyes: Caucasia and the Iranian Commonwealth in Late Antique Georgian Literature Ashgate Publishing
  • Georgian royal annals, Life of Pharnavaz: The first Georgian king of Kartli, Part IV. TITUS (Online Version).
  • Rayfield, Donald (2000) The Literature of Georgia: A History. Routledge, ISBN 0-7007-1163-5.
  • Rayfield, Donald (2013), Edge of Empires: A History of Georgia, Reaktion Books
  • Suny, Ronald Grigor (1994) The Making of the Georgian Nation (2nd edition). Indiana University Press, ISBN 0-253-20915-3.
  • Cyril Toumanoff (1963) Studies in Christian Caucasian History. Georgetown University Press.
  • Kalistrat Salia (1980) Histoire de la nation géorgienne
  • Gamkrelidze, Gela (2012) Researches in Iberia-Colchology, David Braund ed.