Хуыбецтæ кæнæ Хуыбежтæ (уырыс. Хубецовы, Хубежовы, Хубежашвили, Хубежты[1]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Хуыбежты фыдæлтæ Хуссар Ирмæ æрбафтыдысты Цæгат Ирæй Уæлладжыры комæй, Нары хъæуæй. Æрбынат кодтой Дзауы районы Сынтбадæны. Фæстæдæр уырдыгæй дыууæ æфсымæрæй Росе æмæ Шупл ралыгъдысты Знауыры районмæ, æрцардысты Къуыдары. Гуырдзы ацы хъæу хонынц Саджваре. Хуыбежтæ Къуыдаргомæй кæй ралыгъдысты, уымæ гæсгæ сæ хъæуыл сæвæрдтой «Къуыдар». Абон дæр ма дзы бирæ цæры Хуыбежтæй.[2]

Хуыбежтæ ралыгъдысты Сахсаты хъæуæй æмæ æрбынат кодтой Сынтбадæны.[3]

Мыггаджы зындгонд минæвæрттæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Министерство спорта РСО-Алания
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 131.
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 258 ф.
  4. „Ерысты фæстаг бон ма бронзæ майдан рамбылдта Хуыбецты Къахабер дæр“