Хуыгаты Зауырбеджы фырт Сергей (райгуырдис 1933-æм азы 15 майы Хуссар Ирыстоны Хуыгатыхъæуы) у ирон фыссæг æмæ поэт.

Хуыгаты Сергей
Райгуырды датæ 1933-æм азы 15 майы(1933-05-15) (90 азы)
Райгуырæны бынат
Архайды хуыз фыссæг, поэт
Уацмысты æвзаг ирон

Цардафыст ивын

Йæ бинонтæ 1944-æм азы ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Тарскæйы. Ам Сергей 1950-æм азы каст фæцис астæуккаг скъола æмæ бацыди Педагогон институты историон филологион факультетмæ.

Ахуыргæнæджы дæсныйад куы райста, уæд куыста Дагъистаны æмæ Цæгат Ирыстоны скъолаты, фæсаууонмæ ахуыр кодта Мæскуыйы Литературон институты.

Къорд дзы бакуыста телеуынæны редакторæй, уый фæстæ журнал «Мах дуджы» критикæ æмæ публицистикæйы хайады сæргълæууæгæй. 1981-æм азæй нырмæ у чингуыты рауагъдад «Иры» аивадон литературæйы хистæр редактор.

Сергей сæйраджыдæр у прозаикон уацмыстыромантæ, уацаутæ æмæ радзырдты автор. Фыссы æмдзæвгæтæ дæр. Æппæтæй ахадгæдæр сты йæ романтæ «Ацы хъарм хуры бын» æмæ «Нарты Фарнæг».

Литературæ ивын

Журнал «Мах дуг», 2018 аз, №1, 104-æм фарс