Хуытъинатæ
Равзæрд
ивынХуытъинатæ равзæрдысты афтæ. Куырттаты комы Дæллагхъæуы цардысты дыууæ æфсымæры. Иу дзы хуынди Хуытъи, иннæ та Еси. Æмæ сæм уыди хъан, схъомыл æй кодтой. Хъаны фыд сын хъаны лæварæн Карцайы зæххытæ радта. Уым цæрын райдыдтой æмæ сæ цот сæ фыды номæй рамыггаг кодта — Хуытъинатæ æмæ Есиатæ. Хуытъи æмæ Еси зæххыл нæ фидыдтой. Байуæрстой йæ. Бæрæггæнæнтæ йыл скодтой. Уый фæстæ сæ цот Карцайæ ралыгъдысты Хъæдгæронмæ.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.