Хъæбæлоты Билар
Хъæбæлоты (Хъæбæлоти) Емæзайы фырт Билар (райгуырдис 1917-æм азы 24 ноябры, Зæронд Лескен, Терчы облæст — амардис 2009-æм азы 1 апрелы, Дзæуджыхъæу) уыд Советон Цæдисы паддзахадон æмæ партион архайæг, Цæгат Ирыстоны партион комитеты фыццаг секретарь, фактæй республикæй разамонæг, 1961-æм азæй 1982-æм азы онг.
Хъæбæлоты Билар | |
---|---|
10-æм Цæгат Ирыстоны облæстон комитеты секретарь
|
|
1961 — 1982 | |
Раздæр чи уыд | Æгкацаты Владимир |
Фæстæдæр | Владимир Одинцов |
Райгуырдис |
11 (24) ноябры 1917 |
Амардис |
2009-æм азы 1 апрелы (91 азы) |
Парти | |
Ахуырад | |
Хорзæхтæ | |
Кæм куыста |
Коммунистон партийы уæнг 1940-æм азæй.
Хъæбæлойы-фырт каст фæцис Налцыччы педагогон училище, стæй Мæскуыйы педагогон институты историон факультет (1939). Ахуыр кодта Партийы уæлдæр скъолайы фæсаууонмæ æмæ йæ каст фæцис 1948-æм азы.
- 1939—1942 азты куыста Кæсæг-Балхъары педагогон институты ахуыргæнæгæй, уыдис уыцы вузы партион секретарь.
- 1942—1943 — партийы Кæсæг-Балхъар æмæ Цæгат Ирыстоны облæстон комитетты лектор.
- 1943—1944 — пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæджы хæдивæг Кæсæг-Балхъары.
- 1944—1951 — Фæскомцæдисы Кæсæджы облæстон комитеты фыццаг секретарь.
- 1951—1952 — партийы Кæсæджы облæстон комитеты секретарь.
- 1952—1961 — Цæгат Ирыстоны облæстон комитеты секретарь.
- 1961—1982 — Цæгат Ирыстоны облæстон комитеты фыццаг секретарь.
- 1982—1987 — Советон Цæдисы генералон консул Манголы, куыста сахар Эрдэнэты.
- 1987-æм азы рацыдис пенсимæ.
Хъæбæлоты Билар амардис 2009-æм азы 1 апрелы Дзæуджыхъæуы.