Хъазишвили, Къоста

(Хъазиты Къоста-æй æрвыст)

Къоста Хъазишвили[1] (гуырдз. კოსტა ყაზიშვილი, ирон Хъазиты Къоста) уыдис ирон равзæрды гуырдзиаг æфсæддон æмæ революционер. Уый райгуырд 1884-æм азы, æмæ схъомыл сæудæджер бинонты ’хсæн Гуры.

Къоста Хъазишвили

Иуæй-иу ирон[чи?] æмæ гуырдзиаг историктæ дæр йæ ныв кодтой хъæбатыр адæймагæй, иннæтæ та мæнгард æмæ фæлывдæй, хонынц ма йæ «Цхинвалы диктатор» дæр.[2]

Цхинвалы змæст

ивын

1917-æм азы уырыссаг паддзахы æфсадæй рацыд, æмæ революцийы фæстæ Гуырдзиаг адæмон гвардимæ бацыд. Къоста уыд меньшевик æмæ 1918-æм азы уалдзæджы гуырдзиаг хицауад Цхинвалмæ бæрнлæг кæнынмæ йæ рарвыста. Уым Къоста райдыдта бынæттон гуырдзиаг цæрджыты ирон сæрибардзинадыл змæлды ныхмæ ардауын, ирæттæ Гуырдзыстоныл гадзрахатæй кæй рацыдысты, уый дзырдта.[3]

1918-æм азы мартъийы райдианы Хъазишвили рацыд Хъорнисы хъæумæ ’мæ сфæнд кодта уый цæрджытæй сæ хæцæнгæрзтæ айсын. Бынæттон цæрджытæ йемæ быцæу кæнын райдыдтой, сæ гæрзтæ йын нæ радтой æмæ йæхи гæрзтæ йын фæцæй истой. Уый фæстæ Хъазишвили æрдомдта Гуры адæмон гвардийы æххуыс: йе ’ххуысмæ рацыдысты цалдæр гвардионты къорды, хицæуиуæг уыдонæй кодтой Гуры сахары хицау, æлдар Георги Мачабели æмæ социалист Сандро Кецховели. 13-æм мартъийы уыдон бацыдысты гуырдзиаг хъæу Ередмæ ’мæ уыдонæй дæр сæ хæцæнгарзтæ айсынмæ хъавыдысты. Ереды цæрджытæ не сразы сты æмæ райдыдтой кæрæдзийы æхсын меньшевиктимæ. Ирон растадонтæ хабар фехъуыстой, ередæгты æххуысмæ фæзындысты, меньшевикты бал ныппырх кодтой æмæ Хъазишвили, Мачабели æмæ Кецховелийы уацармæ акодтой.[1]

Ирон большевиктæ йæ амардтой 1918-æм азы 19 мартъийы Цхинвалы, йемæ амардтой Мачабели æмæ Кецховелийы дæр. Aцы тохæй райдыд Хуссар Ирыстоны 1918-1921 азты хæст.[4]

Литературæ

ивын
  • Блиев М.М. Южная Осетия в коллизиях российско-грузинских отношений — 2-е доп. изд. — Владикавказ: Проект-Пресс, 2006 — 416 с.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 1905-1907 азты Революцийы æмæ Хуссар Ирыстоны мидæг 1918-1921 мидхæсты хайадисджыты мысинæгтæ, Сталинир — 1960
  2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад // Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг Архивгонд æрцыдис 24 августы 2023 азы.
      «Уыцы Хъазишвили ма æнæр ран та загъта: «Æз дæн диктатор æмæ мын бар ис алы бон дæр марон дыууадæс адæймаджы».  
  3. Государственное информационное агентство "Рес" // Предтеча геноцида осетинского народа 1920 года
  4. Дзидзоев В.Д., Южная Осетия в ретроспективе грузино-осетинских отношений. Цхинвал, 2007.